Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 4:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Израилы адӕм се ’ппӕт дӕр, сӕхӕдӕг дӕр ӕй нӕ бафиппайдтой, афтӕмӕй ӕнӕбары тӕригъӕды куы бацӕуой, Дунедарӕджы фӕдзӕхстытӕй искӕцыйы сӕрты куы ахизой, куы фӕазымджын уой

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 4:13
17 Iomraidhean Croise  

Уыдон сӕ къухтӕ радтой, сӕ устытимӕ кӕй ахицӕн уыдзысты ӕмӕ фӕйнӕ фысы фиддоны нывондӕн кӕй ӕрхӕсдзысты, уый тыххӕй;


Фыццаг бон-иу адӕмы фӕтӕг йӕхи ӕмӕ бӕстӕйы ӕппӕт адӕмы тыххӕй тӕригъӕды нывондӕн ӕрхӕссӕд гал.


Фӕстӕмӕ раздӕхдзынӕн Мӕ бынатмӕ, цалынмӕ сӕ азым ӕрӕмбарой ӕмӕ Мӕ ӕрцагурой, уӕдмӕ.


Израилы адӕмӕй Аарон тӕригъӕды нывондӕн райсӕд дыууӕ цӕуы, иууылсудзинагӕн та — фыр.


Галӕн йӕ мард та рӕсӕнуатӕй хъӕуы рахӕссын ӕмӕ басудзын, алчерӕн йӕхи тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн цы галы ӕрхастӕуа, уымӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ. Уый у адӕмы тӕригъӕды тыххӕй хаст нывонд.


Исчи тӕригъӕды куы бацӕуа, Дунедарӕджы фӕдзӕхстытӕй искӕцыйы сӕрты ӕнӕбары куы ахиза, цы не ’мбӕлы, ахӕм исты куы ракӕна, уӕд уыдзӕн азымджын.


уыцы адӕймаг, тӕригъӕды кӕй бацыд ӕмӕ азымджын кӕй сси, уымӕ гӕсгӕ уал раздӕр фӕстӕмӕ раттӕд, цы адавта кӕнӕ цы байста, бавӕрынмӕ цы райста кӕнӕ цы сӕфт дзаума ссардта, уый,


Дунедарӕг Моисейӕн кӕй фехъусын кодта, уыцы фӕдзӕхстытӕй искӕцы ӕнӕрхъуыдыйӕ куынӕ сӕххӕст кӕнат,


Аккаг аргъ сын нӕ кӕны, афтӕмӕй ацы дзул ӕмӕ ацы сӕнӕй чидӕриддӕр ахода, уый бацӕудзӕни Бардарӕджы Буар ӕмӕ Туджы тӕригъӕды.


кӕд ӕз раздӕр фауӕг, сурӕг ӕмӕ ӕфхӕрӕг уыдтӕн, уӕддӕр. Фӕлӕ мын Хуыцау ныххатыр кодта, уымӕн ӕмӕ, цы ми кӕнын, уый не ’мбӕрстон — талынг ӕмӕ ӕнӕуырнӕг уыдтӕн.


Израилӕгтӕ тӕригъӕды бацыдысты, семӕ цы фидыд сарӕзтон, уый фехӕлдтой. Ӕлгъыстаг цы у, уымӕй райстой, басусӕг ӕй кодтой ӕмӕ йӕ сӕ дзаумӕтты ’хсӕн бамбӕхстой.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan