Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 4:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 цы ма дзы баззайа, уыдон иууылдӕр рӕсӕнуатӕй ӕддӕмӕ, фӕнык кӕдӕм фӕкалынц, уыцы сыгъдӕг ранмӕ ахӕссӕд. Уым хъуамӕ сыгъд ӕрцӕуой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 4:12
16 Iomraidhean Croise  

Галӕн йӕ фыд, йӕ царм, йӕ хуылфыдзаума та рӕсӕнуаты ӕдде арты хай бакӕн. Уый у тӕригъӕды нывонд.


Тӕригъӕды нывондӕн цы гал аргӕвстой, уый басудз Кувӕндоны ӕдде, нысангонд бынаты.


Цалынмӕ йыл ӕфхӕлд уа, уӕдмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн. Ӕнӕсыгъдӕг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ цӕра хибарӕй, рӕсӕнуаты ӕдде.


Тӕригъӕды нывондӕн Рухсмонуатмӕ кӕй туг бахастӕуыд, уыцы гал ӕмӕ цӕуы кусӕрттӕ хъӕуы рӕсӕнуатӕй ӕддӕмӕ рахӕссын. Сӕ царм, сӕ дзидза ӕмӕ сӕ хуылфыдзаумӕттӕ сын басудзын хъӕуы.


Галӕн йӕ мард та рӕсӕнуатӕй хъӕуы рахӕссын ӕмӕ басудзын, алчерӕн йӕхи тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн цы галы ӕрхастӕуа, уымӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ. Уый у адӕмы тӕригъӕды тыххӕй хаст нывонд.


Сауджын цы хойраджы хуын ӕрбахӕссы, уый иууылдӕр басудзын хъӕуы, хӕрын дзы не ’мбӕлы».


Фӕлӕ тӕригъӕды нывонды фыд, йӕ туг Фембӕлды Цатырмӕ кӕмӕн ӕрбахӕссынц — тӕригъӕдтӕ ныббарыны ӕгъдау Уаз Цӕрӕны сӕххӕст кӕнынӕн, — уый та хӕрӕн нӕй, басудзын ӕй хъӕуы.


уыцы адӕймаг, тӕригъӕды кӕй бацыд ӕмӕ азымджын кӕй сси, уымӕ гӕсгӕ уал раздӕр фӕстӕмӕ раттӕд, цы адавта кӕнӕ цы байста, бавӕрынмӕ цы райста кӕнӕ цы сӕфт дзаума ссардта, уый,


Галӕй ма цы баззади, уыдон та — цармӕй, фыдӕй, хуылфыдзаумайӕ — рӕсӕнуаты ӕдде басыгъта, Дунедарӕг ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.


Йӕ фыд ӕмӕ йӕ царм та йын рӕсӕнуаты ӕдде басыгъта.


Дунедарӕг загъта Моисейӕн: «Ацы адӕймаг маринаг у. Дзыллӕ йӕ дурты бын фӕкӕнӕнт рӕсӕнуаты ӕдде».


Сауджын Елеазары бар ӕй бакӕнут. Рӕсӕнуатӕй йӕ ракӕнӕнт ӕмӕ йӕ сауджын Елеазары раз аргӕвдӕнт.


Дыгӕрдыг йӕ цӕстыты раз хъуамӕ сыгъд ӕрцӕуа: йӕ царм, йӕ фыд, йӕ туг, йӕ чъизитӕ йын басудзын хъӕуы.


Нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй сӕ арвитут, цӕмӕй ма чъизи кӕной рӕсӕнуат, уымӕн ӕмӕ Ӕз семӕ дӕн рӕсӕнуаты».


Тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг кӕныны тыххӕй алчер Рухсмонуатмӕ цы фосы туг бахӕссы, уыдоны басыгъдӕуы адӕмы цӕрӕнуаты ӕдде.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan