7 Фыс куы хӕсса нывондӕн, уӕд ӕй ӕрбакӕнӕд Дунедарӕджы размӕ.
Паддзах Соломон ӕмӕ Израилы адӕм сарӕзтой Дунедарӕджы Кувӕндон срухс скӕныны стыр бӕрӕгбон ӕмӕ ӕрхастой нывӕндтӕ. Фидыды нывӕндты номыл стурвосӕй акусарт кодтой дыууӕ ӕмӕ ссӕдз мин сӕры, лыстӕг фосӕй та — ӕхсӕзыссӕдз мин сӕры.
Исчи фидыды нывонд стурвосӕй куы хӕсса, гал кӕнӕ хъуг, уӕд Дунедарӕджы размӕ ӕрбакӕнӕд ӕнӕсахъат кусӕрттаг.
уӕд Дунедарӕджы нывондимӕ ӕнӕмӕнг хъуамӕ хойраджы хуын дӕр уа: мӕнӕуы ссады ефӕйы дӕсӕймаг хай оливӕйы сойы гины цыппӕрӕм хаимӕ змӕстӕй.
Иууылсудзинаг нывонд ӕмӕ кусӕрттаг уӕрыккимӕ ӕмбӕлы ӕрбахӕссын сӕн дӕр — гины цыппӕрӕм хай.
Иу уӕрыкк-иу райсомӕй акусарт кӕн, иннӕ — дыууӕизӕрастӕу.
Уымӕн ӕмӕ, уыдон сусӕгӕй цы кӕнынц, уыдӕттӕн суанг сӕ кой дӕр худинаг у.
Кӕрӕдзийы уарзгӕйӕ цӕрут, Чырысти мах куыд бауарзта ӕмӕ нӕ сӕраппонд Хуыцауӕн ӕхцон хӕрздӕф нывондӕн Йӕхи куыд ӕрхаста, афтӕ.
уӕд цас тыхджындӕр у, ӕнусон Уды фӕрцы Хуыцауӕн Йӕхи ӕнаипп нывондӕн Чи ӕрхаста, уыцы Чырыстийы Туг! Уыцы Туг мах фервӕзын кӕндзӕн ӕфсармы тӕрхонӕй — ныууадздзыстӕм мӕлӕтхӕссӕг хъуыддӕгтӕ ӕмӕ лӕггад кӕндзыстӕм цардӕгас Хуыцауӕн.