6 Дунедарӕгӕн фидыды нывонд чи хӕсса лыстӕг фосӕй — мадӕл кӕнӕ нӕл, уый-иу ӕрбакӕнӕд ӕнӕсахъат кусӕрттаг.
Ӕрбатӕрдзысты дӕм Кедары бӕстӕй лыстӕг фос, дӕу уыдзысты Невайоты фырытӕ. Мӕ зӕрдӕмӕ сӕ чи фӕцӕуа, уыдоны Мын ӕвӕрдзыстут Мӕ нывондхӕссӕныл, ӕмӕ Ӕз Мӕ Кувӕндон скадджын кӕндзынӕн.
Искӕмӕн йӕ иууылсудзинаг нывонд лыстӕг фосӕй куы уа, фыс кӕнӕ сӕгъ, уӕд нывондӕн хъуамӕ ӕрхӕсса ӕнӕсахъат фыр кӕнӕ ӕнӕсахъат цӕу.
«Израилӕгтӕн фехъусын кӕн: Дунедарӕгӕн уӕ йӕ фосӕй нывондӕн чи цы хӕсса, стур уа ӕви лыстӕг фос, уый йӕхи бар у.
Фидыды нывонд-иу Дунедарӕгӕн, барст ын куыд ӕрцӕуа, афтӕ ӕрхӕссут.
Сахъат фос нывондӕн ма хӕссут, уымӕн ӕмӕ барст нӕ уыдзӕн.
Ноджы ма-иу тӕригъӕды нывондӕн ӕрхӕссут цӕу, дыууӕ фыргуисты та — фидыды нывондӕн.
Иууылсудзинаг нывонд ӕмӕ кусӕрттаг уӕрыккимӕ ӕмбӕлы ӕрбахӕссын сӕн дӕр — гины цыппӕрӕм хай.
Хъуамӕ уыцы ранмӕ Дунедарӕгӕн сӕмбӕлын кӕна: иу ӕнӕсахъат фыргуист — иууылсудзинаг нывондӕн, иу ӕнӕсахъат далыс — тӕригъӕды нывондӕн, иу ӕнӕсахъат фыр — фидыды нывондӕн;
Ӕмӕ ӕцӕгдӕр ӕрбамбырд сты ацы сахары Ирод ӕмӕ Понтий Пилат муртаттӕгтӕ ӕмӕ Израилы адӕмимӕ Дӕ байсӕрст сыгъдӕг Лӕггадгӕнӕг Йесойы ныхмӕ,
Ныр нал ис нӕдӕр иудейаг, нӕдӕр муртаттаг, нӕдӕр цагъар, нӕдӕр сӕрибар, нӕдӕр нӕлгоймаг, нӕдӕр сылгоймаг, уымӕн ӕмӕ уе ’ппӕт дӕр баиу стут Йесо Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы.
Фӕлӕ афон куы ралӕууыд, уӕд Хуыцау рарвыста, сылгоймагӕй Чи райгуырд ӕмӕ Ӕгъдауы дӕлбар Чи уыд, Йӕ уыцы Фырты,
афон куы ралӕууа, уӕд, арв ӕмӕ зӕххыл цыдӕриддӕр ис, ӕппӕт уыдон баиу кӕндзӕни Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы, Уый сӕ сӕргъы уыдзӕни, афтӕмӕй.