Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 3:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Фидыды нывондӕн йӕ хуылфыдзаумӕтты фиу иууылдӕр Дунедарӕгӕн ӕрхӕссӕд арты нывондӕн,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 3:3
25 Iomraidhean Croise  

Уый фӕстӕ райс, хуылфыдзаумӕттыл цы фиу ис, уый, игӕры ӕфтуанхай, стӕй уыргтӕ ӕд фиу. Нывондхӕссӕныл сӕ басудз.


Кусартӕн райс йӕ сойтӕ: дымӕг, хуылфыдзаумӕттыл цы фиу ис, уый иууылдӕр, игӕры ӕфтуанхай, уыргтӕ ӕд фиу, стӕй ма, фырӕн, сауджын суӕвыны тыххӕй нывондӕн хаст кӕй ӕрцыд, уымӕ гӕсгӕ йӕ рахиз сгуы дӕр.


Мӕ лӕппу, ме ’рдӕм раздах дӕ зӕрдӕ, дӕ цӕстӕнгас мӕ фӕндӕгтӕм сараз.


Уыцы адӕмӕн сӕ зонд баталынг кӕн, бакъуырма, бакуырм сӕ кӕн, цӕмӕй цӕстӕй мауал уыной, хъусӕй ма фехъусой ӕмӕ зондӕй ма бамбарой, цӕмӕй сӕ галиу фӕндаг ма ныууадзой ӕмӕ ма сдзӕбӕх уой».


Ӕз уын ратдзынӕн ног зӕрдӕ, ног уд уын бавӕрдзынӕн уӕ мидӕг. Уӕ риуӕй уын дур зӕрдӕ райсдзынӕн ӕмӕ уын сӕрныллӕг зӕрдӕ ратдзынӕн.


Ӕрмӕстдӕр Левийы хӕдзарвӕндаджы сауджынтӕ, Цадокы байзӕддӕгтӕ, сӕ уазлӕггад нӕ ныууагътой Мӕ Кувӕндоны, израилӕгтӕ Мӕ се ’ргом куы аздӕхтой, уӕд, ӕмӕ дарддӕр дӕр уыдон лӕггад кӕндзысты Мӕ разы ӕмӕ Мын фиу ӕмӕ туг нывондӕн хӕсдзысты, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. —


Кусарт хъӕуы суӕнгтӕ кӕнын, ӕмӕ сауджын кусарты уӕнгтӕ сӕр ӕмӕ фиутимӕ равӕрӕд нывондхӕссӕныл, судзгӕ сугты сӕрыл.


Аароны байзӕддӕгтӕ, сауджынтӕ, сугты сӕрыл кусарты уӕнгтӕ равӕрӕнт, йӕ сӕр ӕмӕ йӕ фиу дӕр семӕ куыд уой, афтӕ.


Тӕригъӕды нывӕндтӕн-иу сӕ фиутӕ нывондхӕссӕныл басудзӕд.


Сауджын сӕ нывондхӕссӕныл басудзӕд. Уыдон сты арты хойраг — Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн. Фиутӕ иууылдӕр Дунедарӕджы хай сты.


Йӕ къух ын йӕ сӕрыл ӕрӕвӕрӕд ӕмӕ йӕ Фембӕлды Цатыры къӕсӕры цур аргӕвдӕд. Аароны байзӕддӕгтӕ, сауджынтӕ та йын йӕ туг нывондхӕссӕныл алырдыгӕй бапырх кӕнӕнт.


стӕй уыргтӕ дӕр, ӕгъдтыл цы фиу ис, уыимӕ. Уыргтимӕ рахицӕн кӕнын хъӕуы игӕры ӕфтуанхай дӕр.


Фидыды нывондӕн цы гал ӕрхӕссынц, уымӕн куыд бакӕнынц, афтӕ сӕ ацы галӕн дӕр фӕхицӕн кӕнӕд ӕмӕ сӕ иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕныл басудзӕд.


Дунедарӕгӕн хъуамӕ арты нывонд ӕрхӕсса йӕхи къухӕй: кусарты фиу ӕмӕ кӕразимаг ӕрбахӕссӕд ӕмӕ Дунедарӕджы раз кӕразимаг хӕрдмӕ сисӕд.


Сауджын сӕ нывондхӕссӕныл басудзӕд Дунедарӕгӕн арты нывондӕн. Уый у фиддоны нывонд.


Тӕригъӕды нывонды фиу, йӕ уыргтӕ ӕмӕ игӕры ӕфтуанхай нывондхӕссӕныл басыгъта, Дунедарӕг Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.


Сымахӕн та тӕхудиаг сты уӕ цӕстытӕ — уынгӕ чи кӕны, стӕй уӕ хъустӕ — хъусгӕ чи кӕны.


„Ацы адӕм Мын кад кӕнынц дзыхӕй, сӕ зӕрдӕ та дард у Мӕнӕй.


Ныфс та нӕ сайы, уымӕн ӕмӕ, лӕвӕрд нын Чи у, уыцы Сыгъдӕг Уды фӕрцы Хуыцау нӕ зӕрдӕтӕ байдзаг кодта Йӕ уарзтӕй.


Мах зонӕм, раздӕр цы уыдыстӕм, уыцы адӕймаг Йемӕ дзуарылтыгъд ӕрцыди, цӕмӕй нӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕдӕн йӕ тых басӕтта ӕмӕ тӕригъӕды цагъайрадӕй фервӕзӕм.


Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сунӕт скӕндзӕн уӕ зӕрдӕтӕн, стӕй уӕ байзӕддӕгты зӕрдӕтӕн дӕр, цӕмӕй Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, уарзат ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕмӕ баззайат сӕрӕгасӕй.


Ӕгӕрыстӕмӕй-иу нывондӕн йӕ фиу дӕр нӕма басыгътой, афтӕ-иу ӕрбацыди сауджыны лӕггадгӕнӕг ӕмӕ-иу загъта нывонд ӕрхӕссӕгӕн: «Ӕри-ма фыдызгъӕл сауджынӕн физонӕгӕн. Фыхӕй йӕ нӕ хъӕуы, фӕлӕ хомӕй».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan