Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 3:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Сауджын сӕ нывондхӕссӕныл басудзӕд. Уыдон сты арты хойраг — Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн. Фиутӕ иууылдӕр Дунедарӕджы хай сты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 3:16
19 Iomraidhean Croise  

Авел та — йӕ дзуджы фыццаг уӕрыччыты фиуӕй. Ӕмӕ Дунедарӕг айста Авелы нывонд,


Иууылсудзинаг нывӕндтӕ, фидыды нывӕндты фиу ӕмӕ сӕн тынг бирӕ уыдысты. Афтӕмӕй ногӕй Дунедарӕджы Кувӕндоны уаз куыст йӕ гаччы сбадти.


Соломон срухс скодта кӕрты астӕуккаг хай — Дунедарӕджы Кувӕндоны раз — ӕмӕ уым нывондӕн ӕрхаста иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндты фиу, уымӕн ӕмӕ, Соломон кӕй сарӕзта, уыцы ӕрхуы нывондхӕссӕн утӕппӕт иууылсудзинӕгтӕ, хойраджы хуынтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндты фиуӕн ӕгӕр гыццыл уыди.


Уый фӕстӕ райс, хуылфыдзаумӕттыл цы фиу ис, уый, игӕры ӕфтуанхай, стӕй уыргтӕ ӕд фиу. Нывондхӕссӕныл сӕ басудз.


Кусартӕн райс йӕ сойтӕ: дымӕг, хуылфыдзаумӕттыл цы фиу ис, уый иууылдӕр, игӕры ӕфтуанхай, уыргтӕ ӕд фиу, стӕй ма, фырӕн, сауджын суӕвыны тыххӕй нывондӕн хаст кӕй ӕрцыд, уымӕ гӕсгӕ йӕ рахиз сгуы дӕр.


Дунедарӕджы фӕндӕй уыди Йӕ удхар, Уый Йын схай кодта хъизӕмӕрттӕ. Тӕригъӕды нывондӕн Ӕй куы ӕрхӕссай, уӕд фендзӕни Йӕ цоты, бирӕ фӕцӕрдзӕн ӕмӕ Дунедарӕджы фӕндон сӕххӕст кӕндзӕн.


Ӕрмӕстдӕр Левийы хӕдзарвӕндаджы сауджынтӕ, Цадокы байзӕддӕгтӕ, сӕ уазлӕггад нӕ ныууагътой Мӕ Кувӕндоны, израилӕгтӕ Мӕ се ’ргом куы аздӕхтой, уӕд, ӕмӕ дарддӕр дӕр уыдон лӕггад кӕндзысты Мӕ разы ӕмӕ Мын фиу ӕмӕ туг нывондӕн хӕсдзысты, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. —


Сауджын-иу нывонды тугӕй Фембӕлды Цатыры къӕсӕры раз Дунедарӕджы нывондхӕссӕныл бапырх кӕнӕд, сӕ фиутӕ та-иу сын басудзӕд — Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн.


Кусартӕн йӕ нӕрдтӕ та нывондхӕссӕныл басудзӕд, фидыды нывонды нӕрдтӕ куыд басудзынц, афтӕ. Уыйадыл сауджын тӕригъӕд ныббарыны ӕгъдау сӕххӕст кӕндзӕн, ӕмӕ хицауӕн йӕ тӕригъӕд барст ӕрцӕудзӕн.


Уый фӕстӕ сауджын кусарты нӕрдтӕ фӕхицӕн кӕнӕд, фидыды нывондӕн куыд бакӕнынц, афтӕ, ӕмӕ сӕ нывондхӕссӕныл басудзӕд — Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн. Афтӕмӕй сауджын сӕххӕст кӕндзӕн тӕригъӕд ныббарыны ӕгъдау, ӕмӕ уыцы адӕймагӕн йӕ тӕригъӕд барст ӕрцӕудзӕн.


Моисей райста кусартӕн йӕ дымӕг, хуылфыдзаумӕтты фиу иууылдӕр, игӕры ӕфтуанхай, уыргтӕ ӕд фиу ӕмӕ рахиз сгуы.


Дунедарӕджы цурӕй арт рацыди ӕмӕ басыгъта, нывондхӕссӕныл цы иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ фиутӕ уыди, уыдон. Уый фенгӕйӕ, адӕм се ’ппӕт дӕр цины хъӕр ныккодтой ӕмӕ зӕххыл ныддӕлгом сты.


Йесо йын дзуапп радта: «„Уарз дӕ Бардарӕг Хуыцауы ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй ӕмӕ ӕппӕт зондӕй“.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan