9 Исчи Дунедарӕгӕн фос нывондӕн ӕрхӕссынӕй куы расомы кӕна, уӕд уыцы фос, Дунедарӕгӕн лӕвӕрд кӕй у, уымӕ гӕсгӕ суыдзӕни уаз.
Адӕймаг ард бахӕрыныл куы фӕтагъд кӕна кӕнӕ, хъуыды нӕ акӕнгӕйӕ, искӕмӕн зӕрдӕ куы бавӕра, уӕд къӕппӕджы бахаудзӕн.
Бирӕ сӕнттӕй, уддзӕфау цы хъуыддӕгтӕ фӕцыдӕр вӕййынц, уыдонӕй бирӕ ныхӕстӕ райгуыры, фӕлӕ ды тӕрс Хуыцауӕй!
Уыцы хайӕ сын нӕдӕр ауӕйгӕнӕн уыдзӕни, нӕдӕр баивӕн. Уый уыцы зӕххӕн йӕ хуыздӕр хай у, ӕмӕ хъуамӕ къухӕй-къухмӕ ма цӕуа, уымӕн ӕмӕ уый у Дунедарӕджы уаз хай.
Ӕндӕрӕй йын баивӕн нӕй: хорзӕн — ӕвзӕрӕй, ӕвзӕрӕн та — хорзӕй. Исчи фос фосӕй куы баива, уӕд сӕ дыууӕ дӕр суыдзысты уаз.
Кӕд ӕмӕ, сомы чи ракодта, уый мӕгуыр у ӕмӕ нысангонд аргъ йӕ бон бафидын нӕу, уӕд ӕй сауджынмӕ ӕрбакӕнын хъӕуы, цӕмӕй сауджын, цы йӕм ис, уымӕ гӕсгӕ аскъуыддзаг кӕна, цас ын фидгӕ у, уый.
«Исчи ӕнӕбары, Дунедарӕгӕн кӕй снывонд чындӕуыд, уыдонӕй истӕй ныхмӕ тӕригъӕды куы бацӕуа, уӕд йӕ азымы тыххӕй Дунедарӕгӕн ӕрбакӕнӕд ӕнӕсахъат фыр ӕмӕ йӕ ӕрхӕссӕд фиддоны нывондӕн. Аргъгонд ын хъуамӕ ӕрцӕуа кувӕндоны ӕвзист шекелтӕй.
Сымах та дзурут: „Йӕ фыд кӕнӕ йӕ мадӕн афтӕ чи зӕгъа, мӕнӕй дӕм цы хауы, уый мын Хуыцауӕн нывонд у, зӕгъгӕ,