Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 27:34 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

34 Адон сты, Дунедарӕг Синайы хохыл Моисейӕн, цӕмӕй сӕ израилӕгтӕ ӕххӕст кӕной, уый тыххӕй кӕй радта, уыцы фӕдзӕхстытӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 27:34
13 Iomraidhean Croise  

Ацы уагӕвӕрдтӕ, амындтытӕ ӕмӕ ӕгъдӕуттӕ Дунедарӕг израилӕгтӕн радта Синайы хохыл, Моисейы уылты.


Дунедарӕг сӕ Моисейӕн радта ӕдзӕрӕг быдыры, Синайы хохыл, Израилы адӕмӕн Дунедарӕгӕн нывӕндтӕ хӕссын куы бафӕдзӕхста, уӕд.


Дунедарӕг загъта Моисейӕн Синайы ӕдзӕрӕг быдыры, Фембӕлды Цатыры, Мысырӕй куы рацыдысты, уымӕн йӕ дыккаг азы дыккӕгӕм мӕйы фыццаг бон:


Уый — ӕппӕты фыццаг Синайы хохыл хаст чи ӕрцыди, ӕрвылбоны уыцы арты нывонд, Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕф.


Мӕнӕ, Дунедарӕг Синайы хохыл Моисеимӕ куы дзырдта, уӕд Аарон ӕмӕ Моисейӕн цы байзӕддӕгтӕ уыдис, уыдон.


Ахӕм фӕтк ӕмӕ ӕгъдӕуттӕ ныффӕдзӕхста Дунедарӕг израилӕгтӕн, ӕмӕ сын сӕ Моисей фехъусын кодта Моавы быдырты, Иорданы цур, Йерихоны бакомкоммӕ.


уымӕн ӕмӕ нын Ӕгъдау Моисейы фӕрцы лӕвӕрд уыд, Хуыцауы хорзӕх, фарн ӕмӕ ӕцӕгад та нын раргом кодта Йесо Чырысти.


дыууиссӕдзӕм азы иуӕндӕсӕм мӕйы фыццаг бон Моисей фехъусын кодта израилӕгтӕн, Дунедарӕг ын цы бафӕдзӕхста, уыдӕттӕ.


Адон сты, Дунедарӕг Моисейӕн израилӕгтимӕ Моавы цы фидыд саразын бафӕдзӕхста, уый домӕнтӕ, — Дунедарӕг Хоревы рӕбын семӕ кӕй сарӕзта, уыцы фидыдӕн уӕлӕмхасӕн.


Мысырӕй рацӕуыны фӕстӕ Моисей израилӕгтӕн цы фӕтк, цы уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ фӕндиӕгтӕ фехъусын кодта, уыдон.


Дунедарӕджы, Мӕ Хуыцауы, ныхасмӕ гӕсгӕ амонын ӕз сымахӕн фӕтк ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ, цӕмӕй сӕ ӕххӕст кӕнат, цы бӕстӕм цӕут ӕмӕ уӕхи цы бӕстӕ бакӕндзыстут, уым.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan