Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 27:32 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

32 Алы стурвос ӕмӕ лыстӕг фосы дӕсӕймаг хай дӕр — дӕсӕймаг хайы гакк кӕуыл ӕвӕрд ӕрцыд, уыдон сты Дунедарӕджы уаз хай.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 27:32
6 Iomraidhean Croise  

Зӕрдылдаринагӕн цы дур сӕвӕрдтон, уый Хуыцауы хӕдзар суыдзӕн ӕмӕ мын цыдӕриддӕр дӕттай, уымӕн Дын фӕстӕмӕ йӕ дӕсӕймаг хай дӕтдзынӕн».


Хӕххон сахарты, стӕй Шефела ӕмӕ Негевы сахарты, Бениамины зӕххыл ӕмӕ Йерусалимы алфамбылӕйтты, Иудейы сахарты — алы ран дӕр, чи сӕ нымайдзӕн, уыдоны дӕлбар ногӕй фосы рӕгъӕуттӕ хиздзысты, — зӕгъы Дунедарӕг.


Рауадздзынӕн уӕ, фыййауы лӕдзӕджы бынты рауадзӕгау, ӕмӕ та уемӕ ногӕй сфидар кӕндзынӕн Мӕ фидыд.


Йӕ фӕллойы дӕсӕймаг хай фӕстӕмӕ чи ӕлхӕна, уый-иу нысангонд аргъмӕ бафтауӕд йӕ фӕндзӕм хай.


Хиз Дӕ лӕдзӕгӕй Дӕ адӕмы, Дӕ исбоны дзуг, хибарӕй Кармелы хъӕдты чи ӕрцардис, уыдоны. Уадз ӕмӕ та, рагзаманты куыд уыдис, афтӕ Башан ӕмӕ Галаады хизой!


Фембӕлды Цатырӕн цы куыст кӕнынц, уый ныхмӕ Левийы байзӕддӕгтӕн зӕххы хайы бӕсты Ӕз дӕттын, Израилы цыдӕриддӕр ис, уымӕй алцӕмӕн дӕр йӕ дӕсӕймаг хай.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan