31 Йӕ фӕллойы дӕсӕймаг хай фӕстӕмӕ чи ӕлхӕна, уый-иу нысангонд аргъмӕ бафтауӕд йӕ фӕндзӕм хай.
Иоас сауджынтӕн бафӕдзӕхста: «Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ ӕрбацӕуӕг-иу, йӕ рӕдау къух куыд амона, афтӕ йе ’взисты хъалон, фиддон кӕнӕ хуын куы ӕрбахӕсса,
Фӕлӕ ӕнӕсыгъдӕг фосы фыццаг цӕуӕт фӕстӕмӕ балхӕнӕн уыдзӕн, нысангонд аргъмӕ ма йӕ фӕндзӕм хай бафтаугӕйӕ. Фӕстӕмӕ ӕлхӕд куынӕ ӕрцӕуа, уӕд та йӕ нысангонд аргъыл ауӕй кӕнын хъӕудзӕн.
Зӕхх цы тыллӕг дӕтты — хор уа ӕви бӕлӕсты дыргътӕ уой — алцӕмӕн дӕр йӕ дӕсӕймаг хай у Дунедарӕджы исбон — иууылуаз.
Алы стурвос ӕмӕ лыстӕг фосы дӕсӕймаг хай дӕр — дӕсӕймаг хайы гакк кӕуыл ӕвӕрд ӕрцыд, уыдон сты Дунедарӕджы уаз хай.
Уаз цы у, уымӕ фӕныхилгӕйӕ, цы зиан ӕрхаста, уымӕн йӕ аргъ сауджынӕн бафидӕд, ноджы ма йӕм йӕ аргъы фӕндзӕм хай бафтауӕд, афтӕмӕй. Сауджын фыс фиддоны нывондӕн ӕрхӕсдзӕн ӕмӕ афтӕмӕй сӕххӕст кӕндзӕн тӕригъӕд ныббарыны ӕгъдау, ӕмӕ уыцы адӕймагӕн йӕ тӕригъӕд барст ӕрцӕудзӕн.