Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 27:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 уӕд ссӕдз азӕй ӕртиссӕдз азы онг нӕлгоймагӕн йӕ аргъ уӕд дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз ӕвзист шекелы, кувӕндоны шекелтӕй нымайгӕйӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 27:3
10 Iomraidhean Croise  

Иоас сауджынтӕн бафӕдзӕхста: «Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ ӕрбацӕуӕг-иу, йӕ рӕдау къух куыд амона, афтӕ йе ’взисты хъалон, фиддон кӕнӕ хуын куы ӕрбахӕсса,


Алы израилаг нӕлгоймаг дӕр, ссӕдзаздзыдӕй уӕлӕмӕ, фидӕд ӕвзисты шекелы ӕмбис, кувӕндоны шекелтӕй нымайгӕйӕ. Шекелы ис ссӕдз герайы. Уыцы шекелы ӕмбис — мысайнаг Дунедарӕгӕн.


Уаз Цӕрӕн йе ’ппӕт дзауматимӕ саразынӕн нывондаг сыгъзӕрин бахъуыди фараст ӕмӕ ссӕдз таланты ӕмӕ авдсӕдӕ ӕртын шекелы, кувӕндоны шекелтӕй нымайгӕйӕ.


Исчи йӕ хӕдзар Дунедарӕгӕн куы снывонд кӕна, уӕд-иу ын сауджын, хорз ӕви ӕвзӕр у, уымӕ гӕсгӕ аргъ скӕнӕд. Куыд ын саргъ кӕна, афтӕ уӕд.


Нысангонд ӕргътӕ иууылдӕр хъуамӕ нымад цӕуой кувӕндоны шекелтӕй, алы шекелы дӕр — ссӕдз герайы.


Кӕд сылгоймаг у, уӕд та — дӕс ӕмӕ ссӕдз шекелы.


«Исчи ӕнӕбары, Дунедарӕгӕн кӕй снывонд чындӕуыд, уыдонӕй истӕй ныхмӕ тӕригъӕды куы бацӕуа, уӕд йӕ азымы тыххӕй Дунедарӕгӕн ӕрбакӕнӕд ӕнӕсахъат фыр ӕмӕ йӕ ӕрхӕссӕд фиддоны нывондӕн. Аргъгонд ын хъуамӕ ӕрцӕуа кувӕндоны ӕвзист шекелтӕй.


Йӕ азымы тыххӕй сауджынмӕ ӕрбакӕнӕд ӕнӕсахъат фыс — Дунедарӕгӕн фиддоны нывондӕн; аргъонд ын хъуамӕ ӕрцӕуа кувӕндоны ӕвзист шекелтӕй.


Мӕйдзыд сабийы ныхмӕ райсын ӕмбӕлы ӕвзисты фондз шекелы, кувӕндоны шекелтӕй (иу шекелы — ссӕдз герайы).


уыдонӕй алкӕй ныхмӕ та райс фӕйнӕ фондз шекелы, кувӕндоны шекелтӕй, алы шекелы дӕр — ссӕдз герайы.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan