Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 27:29 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

29 Сомы ракӕнгӕйӕ, Дунедарӕгӕн кӕй снывонд кодтой, уыцы адӕймаджы фӕстӕмӕ балхӕнӕн нӕй: хъуамӕ мард ӕрцӕуа.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 27:29
7 Iomraidhean Croise  

Пехуымпар ын загъта: «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: Ӕз ӕлгъыстаг кӕй фӕкодтон, уыцы адӕймаджы ауагътай, ӕмӕ йӕ бӕсты амӕлдзынӕ, дӕ адӕм дӕр амӕлдзысты йӕ бӕсты».


Дӕ исбонӕй цӕмӕйдӕриддӕр басомы кӕнай, Дунедарӕгӕн ӕй снывонд кӕндзынӕн, зӕгъгӕ, — адӕймаг уа, фос ӕви зӕххы хай, — уымӕн нӕдӕр ауӕйгӕнӕн ис, нӕдӕр фӕстӕмӕ балхӕнӕн. Сомы ракӕнгӕйӕ, цыдӕриддӕр снывонд чындӕуыд, уый Дунедарӕджы у, иууылуаз.


Зӕхх цы тыллӕг дӕтты — хор уа ӕви бӕлӕсты дыргътӕ уой — алцӕмӕн дӕр йӕ дӕсӕймаг хай у Дунедарӕджы исбон — иууылуаз.


Ныр цу ӕмӕ ныццӕгъд амалекӕгты. Цыдӕриддӕр сӕм ис, уыдон сын ныффалгӕрон кӕнут. Ма сын фӕтӕригъӕд кӕн: нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, тырынӕй, дзидзидайӕ, галӕй, фысӕй, теуайӕ, хӕрӕгӕй — се ’ппӕты дӕр амар“».


Амалекаг паддзах, Агаг, удӕгасӕй йӕ къухы бафтыд, йӕ адӕмы та йын кардӕй фӕцагъта.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan