Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 27:27 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

27 Фӕлӕ ӕнӕсыгъдӕг фосы фыццаг цӕуӕт фӕстӕмӕ балхӕнӕн уыдзӕн, нысангонд аргъмӕ ма йӕ фӕндзӕм хай бафтаугӕйӕ. Фӕстӕмӕ ӕлхӕд куынӕ ӕрцӕуа, уӕд та йӕ нысангонд аргъыл ауӕй кӕнын хъӕудзӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 27:27
7 Iomraidhean Croise  

Исчи, Дунедарӕгӕн нывондӕн хӕссын кӕй не ’мбӕлы, ахӕм ӕнӕсыгъдӕг фос нывондӕн ӕрхӕссынӕй куы расомы кӕна, уӕд-иу ӕй сауджынмӕ ӕрбакӕнӕд.


Уыцы фосы йӕ хицау фӕстӕмӕ балхӕнинаг куы уа, уӕд ма-иу ын йӕ аргъмӕ йӕ фӕндзӕм хай дӕр бафтауӕд.


Фӕлӕ йӕ хӕдзар чи снывонд кодта, уый йӕ фӕстӕмӕ балхӕнинаг куы уа, уӕд-иу ын йӕ аргъмӕ бафтауӕд йӕ фӕндзӕм хай, ӕмӕ хӕдзар фӕстӕмӕ йӕхи бауыдзӕн.


Фосы фыццаг цӕуӕт Дунедарӕгӕн снывонд кӕнын никӕй бон у, уымӕн ӕмӕ фыццаггуырдтӕ афтӕ дӕр Йӕ исбон сты. Гал уа ӕви фыс — Дунедарӕджы исбон у.


Дӕ исбонӕй цӕмӕйдӕриддӕр басомы кӕнай, Дунедарӕгӕн ӕй снывонд кӕндзынӕн, зӕгъгӕ, — адӕймаг уа, фос ӕви зӕххы хай, — уымӕн нӕдӕр ауӕйгӕнӕн ис, нӕдӕр фӕстӕмӕ балхӕнӕн. Сомы ракӕнгӕйӕ, цыдӕриддӕр снывонд чындӕуыд, уый Дунедарӕджы у, иууылуаз.


Йӕ фӕллойы дӕсӕймаг хай фӕстӕмӕ чи ӕлхӕна, уый-иу нысангонд аргъмӕ бафтауӕд йӕ фӕндзӕм хай.


Уаз цы у, уымӕ фӕныхилгӕйӕ, цы зиан ӕрхаста, уымӕн йӕ аргъ сауджынӕн бафидӕд, ноджы ма йӕм йӕ аргъы фӕндзӕм хай бафтауӕд, афтӕмӕй. Сауджын фыс фиддоны нывондӕн ӕрхӕсдзӕн ӕмӕ афтӕмӕй сӕххӕст кӕндзӕн тӕригъӕд ныббарыны ӕгъдау, ӕмӕ уыцы адӕймагӕн йӕ тӕригъӕд барст ӕрцӕудзӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan