Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 27:21 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

21 Ӕрдӕгсӕдӕйон азы уыцы зӕххы хай куы суӕгъд уа, уӕд суыдзӕни уаз, Дунедарӕгӕн кӕй снывонд кодтой, бавналын ӕм хӕрам у, зӕгъгӕ, кӕмӕй фӕзӕгъынц, ахӕм зӕхх, ӕмӕ сауджынты исбон бауыдзӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 27:21
11 Iomraidhean Croise  

Ӕртӕ бонмӕ чи нӕ фӕзына, уымӕн хицӕуттӕ ӕмӕ хистӕрты фӕндонмӕ гӕсгӕ йӕ исбон ӕнӕхъӕнӕй ист ӕрцӕудзӕн, йӕхиуыл та йын ӕрбалидзджыты ’хсӕн хъоды бакӕндзысты.


Уыдон хӕрдзысты хойраджы хуынӕй, тӕригъӕды нывондӕй ӕмӕ фиддоны нывондӕй. Израилы зӕххыл Дунедарӕгӕн цыдӕриддӕр снывонд чындӕуыд, уый дӕр уыдоны хай уыдзӕн.


ӕмӕ афтӕмӕй фӕндзайӕм аз банымайут уазыл. Уӕ зӕххыл-иу алкӕмӕн дӕр фехъусын кӕнут, сӕрибар сын лӕвӕрд кӕй цӕуы, уый. Уыцы аз уын уыдзӕни Ӕрдӕгсӕдӕйон аз, алчидӕр уӕ хъуамӕ раздӕха йӕ зӕххы хаймӕ, йӕхи мыггагмӕ.


Кӕд ӕмӕ уыцы аргъ бафидыны фаг не суа, уӕд та, кӕй ауӕй кодта, уыцы зӕхх Ӕрдӕгсӕдӕйон азмӕ баззайдзӕн, чи йӕ балхӕдта, уый къухы. Уыцы аз, чи йӕ балхӕдта, уый уыцы зӕххы хай суӕгъд кӕндзӕн, ӕмӕ, чи йӕ ауӕй кодта, фӕстӕмӕ уый исбонмӕ раздӕхдзӕн.


Ӕнӕбыру хъӕуты цы хӕдзӕрттӕ ис, уыдон та нымад цӕуынц зӕххы хӕйттыл: фӕстӕмӕ сын балхӕнӕн ис, Ӕрдӕгсӕдӕйон азы сӕ суӕгъд кӕнын хъӕуы.


Фӕлӕ йӕ зӕхх фӕстӕмӕ куынӕ балхӕна ӕмӕ ӕндӕр искӕмӕн уӕйгонд куы ’рцӕуа, уӕд ын фӕстӕмӕ балхӕнӕн нал уыдзӕн.


Исчи Дунедарӕгӕн кӕмӕйдӕр ӕлхӕд зӕххы хай куы снывонд кӕна, йӕхи исбон чи нӕ уыдис, ахӕм,


Израилы цыдӕриддӕр ӕлгъыстагӕй ис, уыдон иууылдӕр дӕу сты.


Мацы баззайӕд дӕ къухы уыцы ӕлгъыстаг фӕллойӕ, цӕмӕй дӕм Дунедарӕгӕн Йӕ маст ма ссудза, Йӕ хорзӕх дын ратта ӕмӕ, дӕ фыдӕлтӕн куыд расомы кодта, афтӕ дын дӕ мыггаг сбирӕ кӕна.


Сымах та уӕхи бахизут, ӕлгъыстаг цы дзауматӕ фесты, уыдонӕй, мацы дзы райсут, науӕд ӕлгъыстаг фӕкӕндзыстут израилӕгты рӕсӕнуат, фыдбылыз ыл бафтаудзыстут.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan