20 Фӕлӕ йӕ зӕхх фӕстӕмӕ куынӕ балхӕна ӕмӕ ӕндӕр искӕмӕн уӕйгонд куы ’рцӕуа, уӕд ын фӕстӕмӕ балхӕнӕн нал уыдзӕн.
Йӕ зӕххы хай чи снывонд кодта, уый йӕ фӕстӕмӕ балхӕнинаг куы уа, уӕд ма-иу нысангонд аргъмӕ бафтауӕд йӕ фӕндзӕм хай, ӕмӕ зӕхх фӕстӕмӕ йӕхи бауыдзӕн.
Ӕрдӕгсӕдӕйон азы уыцы зӕххы хай куы суӕгъд уа, уӕд суыдзӕни уаз, Дунедарӕгӕн кӕй снывонд кодтой, бавналын ӕм хӕрам у, зӕгъгӕ, кӕмӕй фӕзӕгъынц, ахӕм зӕхх, ӕмӕ сауджынты исбон бауыдзӕн.
Зӕхх та, Ӕрдӕгсӕдӕйон аз куы ралӕууа, уӕд фӕстӕмӕ, кӕмӕй ӕлхӕд ӕрцыд ӕмӕ кӕй зӕххы хай уыди, уый исбон бауыдзӕн.