17 Ӕрдӕгсӕдӕйон азы йӕ куы нывонд кӕна, уӕд дӕр-иу йӕ аргъ уӕд уый бӕрц.
ӕмӕ афтӕмӕй фӕндзайӕм аз банымайут уазыл. Уӕ зӕххыл-иу алкӕмӕн дӕр фехъусын кӕнут, сӕрибар сын лӕвӕрд кӕй цӕуы, уый. Уыцы аз уын уыдзӕни Ӕрдӕгсӕдӕйон аз, алчидӕр уӕ хъуамӕ раздӕха йӕ зӕххы хаймӕ, йӕхи мыггагмӕ.
Уыцы аз-иу мацы байтаут, уӕ хуымты йӕхи ’гъдауӕй цы ӕрзайа, уыдон-иу ма ӕркӕрдут, кӕй нӕ бахсӕстой, уыцы сӕнӕфсиры цупӕлттӕ-иу ма ӕртонут, уымӕн ӕмӕ фӕндзайӕм аз у Ӕрдӕгсӕдӕйон аз, уазыл ӕй нымайут. Ӕрмӕстдӕр уӕ хуымты йӕхи ’гъдауӕй цы ’рзайа, уыдон-иу хӕрут.
Ӕрдӕгсӕдӕйон азы-иу алчидӕр фӕстӕмӕ йӕ зӕххы хаймӕ раздӕхӕд.
уӕд ӕвдӕм мӕйы дӕсӕм бон, Тӕригъӕдтӕ ныббарыны бон, уӕ бӕстӕйы сыкъауадындзтӕй уасут
Исчи йӕ хӕдзар Дунедарӕгӕн куы снывонд кӕна, уӕд-иу ын сауджын, хорз ӕви ӕвзӕр у, уымӕ гӕсгӕ аргъ скӕнӕд. Куыд ын саргъ кӕна, афтӕ уӕд.
Исчи йӕ зӕххы хай Дунедарӕгӕн куы снывонд кӕна, уӕд ын саргъ кӕнын хъӕуы йӕ тауинаджы бӕрцмӕ гӕсгӕ: хъӕбӕрхоры хомерӕн — дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз шекелы ӕвзист.
Ӕрдӕгсӕдӕйон азы бӕрӕгбоны фӕстӕ йӕ куы нывонд кӕна, уӕд та-иу сауджын нысангонд аргъ фӕкъаддӕр кӕнӕд, иннӕ Ӕрдӕгсӕдӕйон азмӕ ма цал азы баззад, уый хынцгӕйӕ.