Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 27:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 Фӕлӕ йӕ хӕдзар чи снывонд кодта, уый йӕ фӕстӕмӕ балхӕнинаг куы уа, уӕд-иу ын йӕ аргъмӕ бафтауӕд йӕ фӕндзӕм хай, ӕмӕ хӕдзар фӕстӕмӕ йӕхи бауыдзӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 27:15
5 Iomraidhean Croise  

Уыцы фосы йӕ хицау фӕстӕмӕ балхӕнинаг куы уа, уӕд ма-иу ын йӕ аргъмӕ йӕ фӕндзӕм хай дӕр бафтауӕд.


Исчи йӕ хӕдзар Дунедарӕгӕн куы снывонд кӕна, уӕд-иу ын сауджын, хорз ӕви ӕвзӕр у, уымӕ гӕсгӕ аргъ скӕнӕд. Куыд ын саргъ кӕна, афтӕ уӕд.


Исчи йӕ зӕххы хай Дунедарӕгӕн куы снывонд кӕна, уӕд ын саргъ кӕнын хъӕуы йӕ тауинаджы бӕрцмӕ гӕсгӕ: хъӕбӕрхоры хомерӕн — дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз шекелы ӕвзист.


Фӕлӕ ӕнӕсыгъдӕг фосы фыццаг цӕуӕт фӕстӕмӕ балхӕнӕн уыдзӕн, нысангонд аргъмӕ ма йӕ фӕндзӕм хай бафтаугӕйӕ. Фӕстӕмӕ ӕлхӕд куынӕ ӕрцӕуа, уӕд та йӕ нысангонд аргъыл ауӕй кӕнын хъӕудзӕн.


Уаз цы у, уымӕ фӕныхилгӕйӕ, цы зиан ӕрхаста, уымӕн йӕ аргъ сауджынӕн бафидӕд, ноджы ма йӕм йӕ аргъы фӕндзӕм хай бафтауӕд, афтӕмӕй. Сауджын фыс фиддоны нывондӕн ӕрхӕсдзӕн ӕмӕ афтӕмӕй сӕххӕст кӕндзӕн тӕригъӕд ныббарыны ӕгъдау, ӕмӕ уыцы адӕймагӕн йӕ тӕригъӕд барст ӕрцӕудзӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan