Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 27:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Уыцы фосы йӕ хицау фӕстӕмӕ балхӕнинаг куы уа, уӕд ма-иу ын йӕ аргъмӕ йӕ фӕндзӕм хай дӕр бафтауӕд.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 27:13
9 Iomraidhean Croise  

Кувинагӕй ӕнӕбары чи бахӕра, уый-иу сауджынӕн уыцы кувинаджы аргъ бафидӕд, ноджы ма-иу ӕм йӕ аргъы фӕндзӕм хай дӕр бафтауӕд.


Ӕндӕрӕй йын баивӕн нӕй: хорзӕн — ӕвзӕрӕй, ӕвзӕрӕн та — хорзӕй. Исчи фос фосӕй куы баива, уӕд сӕ дыууӕ дӕр суыдзысты уаз.


Сауджын фосӕн, хорз ӕви ӕвзӕр у, уымӕ гӕсгӕ аргъ скӕнӕд. Куыд ын саргъ кӕна, афтӕ уыдзӕн.


Исчи йӕ хӕдзар Дунедарӕгӕн куы снывонд кӕна, уӕд-иу ын сауджын, хорз ӕви ӕвзӕр у, уымӕ гӕсгӕ аргъ скӕнӕд. Куыд ын саргъ кӕна, афтӕ уӕд.


Фӕлӕ йӕ хӕдзар чи снывонд кодта, уый йӕ фӕстӕмӕ балхӕнинаг куы уа, уӕд-иу ын йӕ аргъмӕ бафтауӕд йӕ фӕндзӕм хай, ӕмӕ хӕдзар фӕстӕмӕ йӕхи бауыдзӕн.


Йӕ зӕххы хай чи снывонд кодта, уый йӕ фӕстӕмӕ балхӕнинаг куы уа, уӕд ма-иу нысангонд аргъмӕ бафтауӕд йӕ фӕндзӕм хай, ӕмӕ зӕхх фӕстӕмӕ йӕхи бауыдзӕн.


Фӕлӕ ӕнӕсыгъдӕг фосы фыццаг цӕуӕт фӕстӕмӕ балхӕнӕн уыдзӕн, нысангонд аргъмӕ ма йӕ фӕндзӕм хай бафтаугӕйӕ. Фӕстӕмӕ ӕлхӕд куынӕ ӕрцӕуа, уӕд та йӕ нысангонд аргъыл ауӕй кӕнын хъӕудзӕн.


Уаз цы у, уымӕ фӕныхилгӕйӕ, цы зиан ӕрхаста, уымӕн йӕ аргъ сауджынӕн бафидӕд, ноджы ма йӕм йӕ аргъы фӕндзӕм хай бафтауӕд, афтӕмӕй. Сауджын фыс фиддоны нывондӕн ӕрхӕсдзӕн ӕмӕ афтӕмӕй сӕххӕст кӕндзӕн тӕригъӕд ныббарыны ӕгъдау, ӕмӕ уыцы адӕймагӕн йӕ тӕригъӕд барст ӕрцӕудзӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan