12 Сауджын фосӕн, хорз ӕви ӕвзӕр у, уымӕ гӕсгӕ аргъ скӕнӕд. Куыд ын саргъ кӕна, афтӕ уыдзӕн.
Иоас сауджынтӕн бафӕдзӕхста: «Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ ӕрбацӕуӕг-иу, йӕ рӕдау къух куыд амона, афтӕ йе ’взисты хъалон, фиддон кӕнӕ хуын куы ӕрбахӕсса,
Исчи, Дунедарӕгӕн нывондӕн хӕссын кӕй не ’мбӕлы, ахӕм ӕнӕсыгъдӕг фос нывондӕн ӕрхӕссынӕй куы расомы кӕна, уӕд-иу ӕй сауджынмӕ ӕрбакӕнӕд.
Уыцы фосы йӕ хицау фӕстӕмӕ балхӕнинаг куы уа, уӕд ма-иу ын йӕ аргъмӕ йӕ фӕндзӕм хай дӕр бафтауӕд.
уӕд-иу ын сауджын йӕ аргъ банымайӕд, Ӕрдӕгсӕдӕйон азмӕ ма цал азы баззад, уый хынцгӕйӕ, ӕмӕ йын тӕккӕ уыцы бон йӕ аргъ бафидӕд; уый у уаз мысайнаг Дунедарӕджы номыл.