11 Исчи, Дунедарӕгӕн нывондӕн хӕссын кӕй не ’мбӕлы, ахӕм ӕнӕсыгъдӕг фос нывондӕн ӕрхӕссынӕй куы расомы кӕна, уӕд-иу ӕй сауджынмӕ ӕрбакӕнӕд.
Ӕндӕрӕй йын баивӕн нӕй: хорзӕн — ӕвзӕрӕй, ӕвзӕрӕн та — хорзӕй. Исчи фос фосӕй куы баива, уӕд сӕ дыууӕ дӕр суыдзысты уаз.
Сауджын фосӕн, хорз ӕви ӕвзӕр у, уымӕ гӕсгӕ аргъ скӕнӕд. Куыд ын саргъ кӕна, афтӕ уыдзӕн.
Йӕ рӕгъауы ӕнӕсахъат нӕлвос кӕмӕн ис, афтӕмӕй Дунедарӕгӕн цӕнкуыл фосы нывондӕн чи ’рбахӕссы, уыцы фӕлитой ӕлгъыст у, уымӕн ӕмӕ Ӕз дӕн хъомысджын Паддзах, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — Мӕ ном стыр тасы ӕфтауы адӕмты.
Хӕтаг сылы ӕфтиаг дӕр ӕмӕ куыдзы аргъ дӕр мацы сомымӕ гӕсгӕ бахӕсс Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, хӕдзармӕ. Сӕ дыууӕ дӕр ӕлгъаг сты Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн.