8 Фондзӕй-иу фӕсурдзыстут фондзыссӕдзы, фондзыссӕдзӕй та — дӕс мины, уӕ фыдгултӕ-иу уӕ карды амӕттаг бауыдзысты.
Мӕнӕ Давиды ӕхсарджынтӕ номхуындӕй: Йашовам, Хахмонийы фырт, ӕртын ӕхсарджыны хистӕр. Йӕ арцы бырынкъӕй ӕртӕсӕдӕ знаджы ныццагъта.
Йоавы ӕфсымӕр Авишай уыди хӕстон къорды хистӕр. Йӕ арцы бырынкъӕй знаджы адӕмӕй ӕртӕсӕдӕ ныццагъта, ӕмӕ йын ӕфсады ӕхсӕн уыди стыр кад.
Паддзахады ӕндӕр рӕтты цӕрӕг иудейӕгтӕ дӕр ӕрбамбырд сты, цӕмӕй сӕхи бахъахъхъӕной ӕмӕ се знӕгтӕй фервӕзой. Сӕ фыдгултӕй ӕвдай фондз мин адӕймаджы ныццагътой, фӕлӕ сын сӕ мулкмӕ нӕ бавнӕлдтой.
Уӕхӕдӕг уе знӕгты уӕ разӕй айсдзыстут ӕмӕ сӕ кардӕй ныццӕгъддзыстут.
Уыцы бон Дунедарӕг Йерусалимы цӕрджытӕн сӕ сӕрыл рахӕцдзӕн, сӕ лӕмӕгъдӕр Давидау стыхджын уыдзӕн. Давиды хӕдзар та, йӕ разӕй чи цӕуы, уыцы Хуыцауы, Дунедарӕджы зӕды ӕнгӕс суыдзӕни.
Ӕрмӕст Дунедарӕджы ныхмӕ ма змӕнтут! Уымы адӕмӕй та ма тӕрсут — басӕтдзыстӕм сӕ. Уыдонӕн армдарӕг нал ис, махӕн та Дунедарӕг немӕ ис. Ма сӕ тӕрсут!»
Алы хӕдзарвӕндагӕй дӕр — мин, израилаг хӕдзарвӕндӕгтӕ се ’ппӕт дӕр хъуамӕ уой ӕфсады».
Дунедарӕг уын лидзӕг фӕкӕндзӕн уе знӕгты: иу фӕндагыл уӕ ныхмӕ ралӕудзысты, авд фӕндагыл та уӕ разӕй лидздзысты.
Сӕ Хъахъхъӕнӕджы куынӕ бафӕндыдаид, Дунедарӕг сӕ куынӕ раттаид, уӕд ма искуыдӕр афтӕ уыдис, ӕмӕ иу адӕймаг мины йӕ разӕй айса, дыууӕйӕ та дӕс мины лидзӕг фӕкӕной?“
Сымахӕй иу лӕг йӕ хъӕлӕсы ахӕссы мин фыдгулы, уымӕн ӕмӕ уын Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, куыд дзырдта, афтӕ Йӕхӕдӕг хӕцы уӕ фарс.
Самсон ауыдта, чи нӕма бахус, ахӕм хӕрӕджы ӕфсӕр. Фелвӕста йӕ ӕмӕ дзы мин филистимаджы амардта.