Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 26:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Уӕхӕдӕг уе знӕгты уӕ разӕй айсдзыстут ӕмӕ сӕ кардӕй ныццӕгъддзыстут.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 26:7
13 Iomraidhean Croise  

Аммонӕгтӕ куы федтой, арамейӕгтӕ лидзынц, уый, уӕд уыдон дӕр лидзӕг фесты Авишайӕ, Йоавы ӕфсымӕрӕй, ӕмӕ сӕхи сахармӕ байстой. Йоав Йерусалиммӕ ӕрбаздӕхти.


Паддзахады ӕндӕр рӕтты цӕрӕг иудейӕгтӕ дӕр ӕрбамбырд сты, цӕмӕй сӕхи бахъахъхъӕной ӕмӕ се знӕгтӕй фервӕзой. Сӕ фыдгултӕй ӕвдай фондз мин адӕймаджы ныццагътой, фӕлӕ сын сӕ мулкмӕ нӕ бавнӕлдтой.


Чи ма уӕ аирвӕза, уыдонӕн знаджы зӕххытыл сӕ зӕрдӕты ахӕм тас бауадздзынӕн, ӕмӕ-иу сыфтӕры сыбар-сыбурӕй дӕр лидзӕг фӕуыдзысты, раст сӕм цыма кардӕй ӕвзидынц, уыйау. Фӕсте сӕ ничи сурдзӕн, афтӕмӕй ахаудзысты зӕххыл.


Уӕ зӕххӕн уын сабырдзинад ратдзынӕн: куы-иу бафынӕй уат, уӕд уӕ хъыгдарӕг нӕ уыдзӕн. Уӕ зӕххӕй уын тугдзых сырдты фӕсурдзынӕн, фыдгулы кардӕй хызт уыдзӕни уӕ бӕстӕ.


Фондзӕй-иу фӕсурдзыстут фондзыссӕдзы, фондзыссӕдзӕй та — дӕс мины, уӕ фыдгултӕ-иу уӕ карды амӕттаг бауыдзысты.


Дунедарӕг уын лидзӕг фӕкӕндзӕн уе знӕгты: иу фӕндагыл уӕ ныхмӕ ралӕудзысты, авд фӕндагыл та уӕ разӕй лидздзысты.


Сӕ Хъахъхъӕнӕджы куынӕ бафӕндыдаид, Дунедарӕг сӕ куынӕ раттаид, уӕд ма искуыдӕр афтӕ уыдис, ӕмӕ иу адӕймаг мины йӕ разӕй айса, дыууӕйӕ та дӕс мины лидзӕг фӕкӕной?“


Сымахӕй иу лӕг йӕ хъӕлӕсы ахӕссы мин фыдгулы, уымӕн ӕмӕ уын Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, куыд дзырдта, афтӕ Йӕхӕдӕг хӕцы уӕ фарс.


Самсон ауыдта, чи нӕма бахус, ахӕм хӕрӕджы ӕфсӕр. Фелвӕста йӕ ӕмӕ дзы мин филистимаджы амардта.


Барак ын йӕ тохуӕрдӕттӕ ӕмӕ йӕ хӕстонты суанг Харошет-Гоимы онг фӕсырдта. Сисерайы хӕстонтӕ иууылдӕр цагъды фесты, иу дӕр дзы нӕ аирвӕзти.


Гедеон фӕсидти Неффалим, Асир ӕмӕ Менассиайы хӕдзарвӕндӕгтӕм, ӕмӕ мидианӕгты фӕсте асырдтой.


Ӕмӕ Ионатан схылди уӕлӕмӕ, къӕдзӕхыл йӕ къухтӕ ӕмӕ йӕ къӕхтӕй хӕцгӕйӕ, хотыхдар дӕр — йӕ фӕдыл. Филистимӕгтыл сӕхи ныццавтой, ӕмӕ уыдон хаудысты Ионатаны раз. Йӕ хотыхдар йӕ фӕдыл цыд ӕмӕ сӕ мардта.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan