Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 26:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Уӕ зӕххӕн уын сабырдзинад ратдзынӕн: куы-иу бафынӕй уат, уӕд уӕ хъыгдарӕг нӕ уыдзӕн. Уӕ зӕххӕй уын тугдзых сырдты фӕсурдзынӕн, фыдгулы кардӕй хызт уыдзӕни уӕ бӕстӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 26:6
43 Iomraidhean Croise  

Уый сӕм бакаст ӕмӕ сӕ Дунедарӕджы номӕй ралгъыста. Уыйадыл хъӕдӕй рацыди дыууӕ сыл арсы ӕмӕ сын сӕ къордӕй дыууӕ ӕмӕ дыууиссӕдз сабийы аргӕвстой.


Фӕлӕ дын райгуырдзӕни фырт. Уыдзӕн ын сабыр уаг, ӕмӕ йӕ Ӕз йӕ алфамбылай знӕгтӕй се ’ппӕтӕй дӕр сӕнӕмӕт кӕндзынӕн. Йӕ ном уыдзӕни Соломон, ӕмӕ Израилӕн Соломоны заман ратдзынӕн фарн ӕмӕ ӕнцой.


Ӕмӕ Иосафаты паддзахады ралӕууыди сабыр заман, Дунедарӕг ӕй алырдыгӕй дӕр сӕдас кодта.


Дӕхицӕн ӕнцад хуысдзынӕ, ӕмӕ дын тас никӕмӕйуал уыдзӕн, бирӕтӕ дӕ зӕрдӕ балхӕныныл архайдзысты.


Быдираг дуртӕ дын цӕдисонтӕ суыдзысты, хъӕддаг сырдтимӕ хӕларӕй цӕрдзынӕ.


Чи фӕкӕлы, уыдонӕн Дунедарӕг у фӕхӕцӕг, чи афӕлдӕхт, уый фӕстӕмӕ слӕууын кӕны йӕ къӕхтыл.


Дунедарӕг, фехъус мӕ, ныббар мын! Баххуыс мын кӕн, Дунедарӕг!»


Дунедарӕгмӕ фӕдисхъӕр ныккӕндзынӕн, ӕмӕ мын Уый дзуапп ратдзӕни Йӕ уаз хохӕй.


Ды мӕ зӕрдӕйы ахӕм цин бауагътай, йӕ хор ӕмӕ йӕ сӕнӕн, ныккӕнӕн дӕр кӕмӕн нӕй, уыдоны цинӕй фылдӕр чи у!


О Дунедарӕг, хуыцӕутты ’хсӕн Дӕуӕн ӕмбал кӕм ис? Уымӕн ӕмӕ, Ды цы хъуыддӕгтӕ аразыс, уыдон никӕмӕн бантысдзысты!


Ӕцӕг сӕ ӕвӕстиатӕй — иу афӕдзмӕ — нӕ асурдзынӕн, цӕмӕй бӕстӕ ма федзӕрӕг уа ӕмӕ хъӕддаг сырдтӕ ма сбирӕ уой уӕ алыварс ӕмӕ уӕ ма стыхсын кӕной.


ӕдӕрсгӕйӕ-иу бафынӕй уыдзынӕ ӕмӕ адджын фынӕй кӕндзынӕ.


Куы фӕцӕйцӕуай, уӕд дӕ размӕ кӕндзысты, куы бафынӕй кӕнай, уӕд дӕ хъахъхъӕндзысты, куы-иу райхъал уай, уӕд демӕ дзурдзысты.


Уыдзӕни уӕрӕх фӕндаг уым, Уазвӕндаг — йӕ ном. Ӕнӕсыгъдӕг ыл йӕ къах не ’рӕвӕрдзӕн, уый ӕрмӕстдӕр Йӕ агурӕгӕн уыдзӕн, ӕмӕ ӕдылы дӕр нӕ фӕдзӕгъӕл уыдзӕн, фыццаг хатт куы цӕуа, уӕд дӕр.


Никуы фендӕуыдзӕн уыцы фӕндагыл домбай кӕнӕ ’ндӕр тугдзых сырд. Дунедарӕг кӕй фервӕзын кодта, уыцы адӕм ыл цӕудзысты ӕрмӕстдӕр.


Ӕз фӕлдисын рухс дӕр ӕмӕ тар дӕр. Фарн дӕр ӕмӕ фыдбылыз дӕр Мӕнӕй рацӕуынц. Ӕз Дунедарӕг дӕн, ӕппӕт уыдӕттӕ Чи аразы, Уый.


Паддзах Давиды бадӕны ӕрбаддзӕн, Йӕ паддзахы бартӕ уыдзысты ӕгӕрон ӕмӕ зӕххыл расиддзӕни фидыд. Давиды паддзахад мыггагмӕ ӕрфидар кӕндзӕни, раст тӕрхон хӕсгӕйӕ. Уӕларвӕфсады Бардарӕг Ыл ауддзӕн.


Уӕдӕ ма тӕрс, мӕ цагъар Йаков, — зӕгъы Дунедарӕг, — ма тӕрс, Израил! Ӕз дӕ дард бӕстӕй фервӕзын кӕндзынӕн, дӕ байзӕддӕгты дын раздахдзынӕн, уацары кӕм уыдысты, уыцы зӕххӕй. Раздӕхдзӕн Йаков, сабыр ӕмӕ ӕдасӕй цӕрдзӕн, тасы йӕ ничиуал ӕфтаудзӕн.


Уыцы рӕстӕг ӕз райхъал дӕн ӕмӕ акастӕн мӕ алыварс. Мӕ фын мын ӕхсызгон уыди.


Кӕнӕ уыцы зӕхмӕ тугдзых сырдтӕ куы барвитин, цӕмӕй йын уыдон йӕ сывӕллӕтты бабын кӕной, куы сафтид уаид ӕмӕ дзы сырдты тӕссӕй цъиуызмӕлӕг куынӕуал уаид,


Кӕнӕ Ӕз уыцы зӕхх карды амӕттаг куы бакодтаин ӕмӕ бардзырд куы раттаин: „Мӕнӕ кард, ацы зӕххыл ацу!“, адӕмӕй, фосӕй сӕ куы ныццагътаин,


Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: Мӕ цыппар ӕфхӕрды — кард, стонг, тугдзых сырдтӕ ӕмӕ емынӕ — куы ныххуырсон Йерусалимыл, йӕ адӕм ӕмӕ йын йӕ фосы куы ныццӕгъдон,


Ӕз семӕ сараздзынӕн фарны фидыд, сӕ зӕххӕй сын асурдзынӕн тугдзых сырдты, ӕмӕ ӕдасӕй цӕрдзысты тыгъд быдыры, ӕнӕмӕтӕй хуысдзысты хъӕдты.


Ӕмӕ сын алы бӕлас дӕр дӕтдзӕни йӕ дыргъ, зӕхх та — йӕ тыллӕг, ӕмӕ ӕдасӕй цӕрдзысты сӕ зӕххыл. Се ’фхӕрджыты къухӕй сӕ куы суӕгъд кӕнон ӕмӕ сын се ’фсондз куы ныссӕттон, уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый.


ӕмӕ уыл стонджы азар бафтаудзынӕн. Тугдзых сырдты уыл сардаудзынӕн, ӕмӕ уын уыдон уӕ сывӕллӕтты ныццӕгъддзысты. Емынӕ ӕмӕ мӕлӕты хай бауыдзыстут ӕмӕ уӕм кардӕй ӕвзиддзынӕн. Афтӕ зӕгъын Ӕз, Дунедарӕг.


Уыцы бон Ӕз быдыры цӕрӕгойтӕ, уӕларвон мӕргътӕ ӕмӕ зӕххон хилӕгойты адӕмимӕ бафидауын кӕндзынӕн; уыцы зӕххыл кард, ӕрдын ӕмӕ хӕстӕн сӕ кой дӕр фесафдзынӕн, ӕмӕ цӕрдзысты ӕдасӕй.


Иузӕрдионӕй дӕ усаг зӕгъдзынӕн Мӕхицӕн, ӕмӕ ды базондзынӕ Дунедарӕджы.


Ӕххӕст Мын кӕнут Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Ме ’гъдӕуттӕ, ӕмӕ уӕд ацы зӕххыл ӕдасӕй цӕрдзыстут.


Зӕхх уын йӕ бӕркад дӕтдзӕн, ӕмӕ ӕфсӕст уыдзыстут.


Хъӕддаг сырдты уыл бафтаудзынӕн, ӕмӕ уӕ ӕнӕ цотӕй ныууадздзысты, уӕ фос уын ныццӕгъддзысты. Афтӕ уӕ скуынӕг кӕндзысты, ӕмӕ уӕ фӕндӕгтыл цӕуӕг нал уыдзӕн.


Мӕ фидыд Мын кӕй фехӕлдтат, уый тыххӕй уӕ карды амӕттаг бакӕндзынӕн. Уӕ сахарты куы бамбӕхсат, уӕд та уыл бафтаудзынӕн емынӕ, ӕмӕ уе знӕгты къухтӕм бахаудзыстут.


Уӕхӕдӕг уе знӕгты уӕ разӕй айсдзыстут ӕмӕ сӕ кардӕй ныццӕгъддзыстут.


Алчи ӕнӕмӕтӕй улӕфдзӕни йӕ сӕнӕфсир ӕмӕ йӕ легъуи бӕласы бын, ничиуал никӕй ӕфтаудзӕни тасы, уымӕн ӕмӕ афтӕ загъта Уӕларвӕфсады Бардарӕг.


Израилӕгтӕй ма чи фервӕза, уыдон галиу хъуыддӕгтӕ нал кӕндзысты, сайӕн ӕмӕ мӕнгард ныхас сӕ дзыхӕй нал схаудзӕн. Уыдон хиздзысты ӕмӕ улӕфдзысты фыстау, никӕмӕй сын уыдзӕн тас.


Ацы Кувӕндон, йӕ размӕ цы хӕдзар уыди, уымӕй кадджындӕр уыдзӕн, ӕмӕ Ӕз ацы бынат фарнӕй схайджын кӕндзынӕн, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг!»


Уыцы заман Ефремы уӕрдӕттӕ ӕмӕ Йерусалимы бӕхты фесафдзынӕн, хӕстон ӕрдынтӕ саст ӕрцӕудзысты. Уый адӕмтӕн фехъусын кӕндзӕн сабырдзинад ӕмӕ паддзахиуӕг кӕндзӕн иу денджызӕй иннӕмӕ, Евфраты донӕй зӕххы кӕрӕттӕм.


Фарн уын уадзын Мӕ фӕстӕ, Мӕ фарн уын дӕттын. Дуне куыд дӕтты, Ӕз уын ӕй афтӕ нӕ дӕттын. Мацӕуыл тыхсут ӕмӕ мацӕмӕй тӕрсут.


Ирод ӕй тӕрхонмӕ ракӕнынмӕ куы хъавыд, раст уыцы боны размӕ Петр ӕхсӕвы, дыууӕ рӕхысӕй бастӕй, фынӕй кодта дыууӕ ӕфсӕддоны ӕхсӕн; хъахъхъӕнджытӕ лӕууыдысты дуармӕ дӕр ӕмӕ ахӕстон хъахъхъӕдтой.


Мах сраст стӕм уырнындзинады руаджы, ӕмӕ нӕ Бардарӕг Йесо Чырысти бафидауын кодта Хуыцауимӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan