Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 26:43 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

43 Ацы зӕхх куы ныууадзой ӕмӕ куы сафтид уа, уӕд йӕ сабаты азтӕ баххӕст кӕндзӕн, цалынмӕ уыдон сӕ тӕригъӕдтӕ фидой, уӕдмӕ, уымӕн ӕмӕ Мын Мӕ амындтытыл сӕхи атигъ кодтой, Мӕ уагӕвӕрдтыл ӕлгъ кодтой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 26:43
28 Iomraidhean Croise  

Менассиа уынгӕг ранмӕ куы бахауд, уӕд Дунедарӕгӕн, йӕ Хуыцауӕн, лӕгъстӕ кӕнын байдыдта, йӕ фыдӕлты Хуыцауы раз тынг ӕрфӕсмон кодта.


Афтӕ сӕххӕст ис, Дунедарӕг Йеремиайы уылты цы загъта, уый. Зӕхх дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз азы дӕргъы уыди гӕныстон, афтид, цалынмӕ, Израил цы сабаты азтӕ нӕ бӕрӕг кодта, уыдон нӕ баххӕст сты, уӕдмӕ.


Тӕхудиаг у, Хуыцау зонды къахыл кӕй ӕвӕры, уый, уымӕ гӕсгӕ Ӕппӕтхъомысы ’фхӕрдыл дӕхи ма тигъ кӕн.


Ӕнӕхуыцӕуттӕн бацамондзынӕн Дӕ фӕндӕгтӕ, ӕмӕ Дӕм тӕригъӕдджынтӕ раздӕхдзысты.


О Дунедарӕг, байгом мын кӕн мӕ дзых, ӕмӕ Дӕ стаудзынӕн!


О Дунедарӕг! Бӕллӕхы заман Дӕу агурынц адӕм, цӕмӕй сын ахъаз бакӕнай. Куы сӕ бафхӕрыс, уӕд дӕм мынӕг хъӕлӕсӕй фӕкувынц.


Мӕ фӕндагӕй иуварс куы фӕзылдтӕн, уӕд фӕсмон кодтон, зонды къахыл куы ’рлӕууыдтӕн, уӕд мӕхи хостон. Ме ’взонджы бонты худинаг мемӕ кӕй фӕхастон, уый тыххӕй фӕхудинаг ӕмӕ сӕгад дӕн».


Ӕмӕ нын уӕд Дунедарӕг стыр фыдӕх бавзарын кодта, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, Йӕ алы хъуыддаджы дӕр раст у, мах та Йӕм нӕ хъуыстам.


Мӕ цӕрӕн ӕрӕвӕрдзынӕн уе ’хсӕн, ӕлгъ уыл нӕ кӕндзынӕн.


Мӕ уагӕвӕрдтыл Мын уӕхи куы атигъ кӕнат ӕмӕ Мын Мӕ амындтытыл ӕлгъ куы кӕнат, уемӕ кӕй сарӕзтон, уыцы фидыд куы фехалат,


Уӕ кувӕн къуыбыртӕ уын ныппырх кӕндзынӕн, уӕ будсудзӕн нывондхӕссӕнтӕ уын ныззыгуым кӕндзынӕн; уӕ мӕрдтӕ уын уӕ гуымирыты сӕстытыл ныккалдзынӕн ӕмӕ уыл ӕлгъ кӕндзынӕн.


Ӕз дӕр сӕ ныхмӕ уый тыххӕй рацыдтӕн, се знӕгты зӕхмӕ сӕ фӕсырдтон. Се ’нӕсунӕтгонд зӕрдӕтӕ куы басӕттой, уӕд уымӕй бафиддзысты сӕ азым,


Тӕрхондоны искӕй чи багӕды кӕны, уый уын свӕййы ӕнӕуынон, рӕстӕвдисӕнмӕ ӕнӕввӕрсонӕй кӕсут.


Иу мӕймӕ ӕртӕ фыййауы фесафдзынӕн; уыдон мӕ куыд нӕ уарзынц, афтӕ Мӕнӕн дӕр суыдзысты ӕнӕуынон.


Сымахӕй йе сӕфт уынын дунейӕн йӕ бон нӕу, Мӕнӕй та йе сӕфт уыны, уымӕн ӕмӕ Ӕз дӕн ӕвдисӕн, йӕ хъуыддӕгтӕ хӕрам кӕй сты, уымӕн.


Тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды цы фӕнды, уымӕ тырнӕг Хуыцауӕн знаг у, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы ӕгъдауӕн нӕ сӕтты, стӕй йӕ бон басӕттын дӕр нӕу.


Дунедарӕг Йӕ адӕмы сӕрыл рахӕцдзӕни, Йӕ цагъартӕн фӕтӕригъӕд кӕндзӕни, сӕ хъару басаст ӕмӕ сӕрибарӕй, цагъарӕй царӕфтыд кӕнынц, уый куы фена, уӕд.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan