39 Чи ма уӕ аирвӕза, уыдон та фыдгулты зӕххытыл уӕлхъӕдӕй бамбидзысты, сӕхи ӕмӕ сӕ фыдӕлты тӕригъӕдты тыххӕй.
Фыдӕлтӕй нырмӕ нӕ азым стыр у; не ’нӕгъдау миты тыххӕй баистӕм мӕнӕ абон нӕхӕдӕг дӕр, нӕ паддзӕхтӕ дӕр, нӕ сауджынтӕ дӕр ӕндӕрбӕстаг паддзӕхты амӕттаг, сӕ кардылӕфтыдӕй ныл сыгъд ӕмӕ уырыд уацайраджы аллайаг бон уый тыххӕй акодта.
Ма сын кув ӕмӕ сын ма лӕггад кӕн, уымӕн ӕмӕ Ӕз Дунедарӕг дӕн, дӕ Хуыцау, ӕнувыддзинад домӕг Хуыцау, йӕхи Мыл чи атигъ кодта, уыцы фыдӕлты азымы тыххӕй уыдонӕн сӕ байзӕддӕгты ӕртыккаг ӕмӕ цыппӕрӕм фӕлтӕры онг ӕфхӕрӕг,
Йӕ зӕрдӕ нӕ ивы мин фӕлтӕры онг, быхсы азым, фыдракӕнд ӕмӕ тӕригъӕдӕн, фӕлӕ фыдӕлты азымы тыххӕй ӕнӕ бафхӕргӕ нӕ ныууадзы цоты ӕмӕ цоты цоты — ӕртыккаг ӕмӕ цыппӕрӕм фӕлтӕры онг».
Ацы паддзахӕн хъуамӕ йӕ фырттӕ дӕр амӕлой сӕ фыды азымы тыххӕй, науӕд та уын иуахӕмы бацахсдзысты уӕ зӕхх сӕ сахартӕй байдзаг кӕндзысты ӕгас дуне.
Арвы кӕронӕй нӕм кады зарӕг хъуысы: «Кад уӕд Рӕстӕвзарӕн!» Фӕлӕ ӕз загътон: «Ме сӕфт ӕрцыди, додойаг фӕдӕн! Гадзрахатӕй цӕуынц уӕйгӕнджытӕ, сӕ гадзрахат фылдӕрӕй-фылдӕр кӕны!»
Сымах мӕ ӕрцагурдзыстут, ацӕудзыстут ӕмӕ Мӕм скувдзыстут, ӕмӕ уӕ Ӕз фехъусдзынӕн.
Не ’лгъаг миты аныгъуылдыстӕм ӕмӕ фӕхудинаг стӕм, уымӕн ӕмӕ нӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ нӕ фыдӕлтӕ дӕр Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы раз, тӕригъӕдтӕ фӕкодтам; не ’взонджы бонтӕй абоны онг мах Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, ныхасмӕ нӕ хъуыстам».
Уыцы заман афтӕ ничиуал зӕгъдзӕн: „Сӕ фыдӕлтӕ цъӕх сӕнӕфсир хордтой, ӕмӕ сӕ сывӕллӕтты дӕндӕгтӕ фехӕлдысты“, зӕгъгӕ.
Уӕ, сурынц иудейӕгты сӕ зӕххӕй! Цагъартӕ сты, о, сау бон сыл куы ’ркодта! Ӕцӕгӕлӕтты ’хсӕн ӕмбӕхсынц, ӕнцой нӕ арынц, баййӕфтой сӕ знӕгтӕ! Уӕ, додойаг куы фесты!
Куы нӕ уа быдырты тыллӕг, уӕд карды цӕфӕй амӕлын сыдӕй мардӕй хуыздӕр кӕсы, — сӕ удтӕ, удхаргӕнгӕ, сисынц!
Сымах фӕрсут, фыды азым фыртӕй цӕуылнӕ хъуамӕ ӕрдомдӕуа, зӕгъгӕ. Уымӕн ӕмӕ фырт рӕстгӕнӕг ӕмӕ ӕгъдауджын у, Ме ’ппӕт уагӕвӕрдтӕ дӕр Мын нымайы ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕны. Уый ӕнӕмӕнг цӕрдзӕни.
Уым ӕрымысдзыстут уе ’ппӕт фӕндӕгтӕ ӕмӕ уе ’ппӕт митӕ, уӕхи-иу кӕмӕй фӕчъизи кодтат, уыдон ӕмӕ уе ’наккаг митыл ӕрхуддзыстут.
уӕ сарыхътӕ уыдзысты уӕ сӕртыл, уӕ дзабыртӕ — уӕ къӕхтыл; нӕдӕр кӕугӕ кӕндзыстут, нӕдӕр хъарӕг, фӕлӕ уӕ фыдракӕндты аххосӕй батайдзыстут уӕлхъӕдӕй ӕмӕ кӕрӕдзийы раз хъӕрздзыстут.
Адӕймаджы фырт! Израилы адӕмӕн афтӕ зӕгъ: „Сымах дзурут: ‚Нӕ фыдракӕндтӕ ӕмӕ ныл нӕ тӕригъӕдтӕ уӕз кӕнынц! Мӕлӕты къахыл куы лӕууӕм, уӕд цы фӕуӕм?‘ “
Уӕд уӕ зӕрдыл ӕрбалӕудзысты уӕ фыдвӕндӕгтӕ ӕмӕ уӕ фыдракӕндтӕ, ӕмӕ уӕхицӕн сӕнӕуынон уыдзыстут уӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ уе ’лгъаг миты аххосӕй.
Уымӕн ӕмӕ хъуаг ӕййафдзысты къӕбӕр ӕмӕ донӕй. Сӕ алкӕй дӕр тас бацӕудзӕн, ӕмӕ баруайдзысты сӕ тӕригъӕдты аххосӕй.
Ӕмӕ, чи фервӕза, уыдон, уацары сӕ кӕмӕ акӕной, уыцы адӕмты ’хсӕн ӕрхъуыды кӕндзысты Мӕн, уымӕн ӕмӕ Ӕз бауадздзынӕн хъынцъым, Мӕн чи ныууагъта, сӕ уыцы зӕрдӕты ӕмӕ, гуымирыты фӕдыл чи адзӕгъӕл, сӕ уыцы цӕстыты. Ӕмӕ уӕд сӕхӕдӕг сӕхицӕн фенӕуынон уыдзысты се ’ппӕт фыдракӕндтӕ ӕмӕ ӕлгъаг миты тыххӕй.
Фӕстӕмӕ раздӕхдзынӕн Мӕ бынатмӕ, цалынмӕ сӕ азым ӕрӕмбарой ӕмӕ Мӕ ӕрцагурой, уӕдмӕ.
Кӕд сӕ Ӕз адӕмты ’хсӕн ныххӕлиу кодтон, — уыдон Мӕ ӕрымысдзысты дард бӕстӕты, сӕ цотимӕ фервӕздзысты уым ӕмӕ фӕстӕмӕ раздӕхдзысты.
„Дунедарӕг бирӕбыхсаг ӕмӕ бирӕбараг у! Уый ныххатыр кӕны рӕдыдтытӕ ӕмӕ тӕригъӕдтӕ, фӕлӕ аххосджыны ӕназымыл нӕ банымайы. Уый ӕртыккаг ӕмӕ цыппӕрӕм фӕлтӕры онг тӕригъӕд бафидын кӕны“.
Фӕлӕ уыцы адӕмты ’хсӕн дӕр ӕнцой не ссардзыстут, уӕ къӕхты фӕллад дзы не суадздзыстут. Дунедарӕджы фӕндӕй уӕ зӕрдӕтыл ризӕг бахӕцдзӕн, уӕ цӕстыты цӕхӕр бамынӕг уыдзӕн, бастайдзысты уӕ удтӕ.
Ӕппӕт ацы арфӕтӕ ӕмӕ ӕлгъыстытӕ уыл куы ӕрцӕуой, Дунедарӕг уӕ, уӕ Хуыцау, ӕппӕт адӕмты ’хсӕн куы ныххӕлиу кӕна ӕмӕ, се ’хсӕн ӕрцӕргӕйӕ, уӕхи куы ӕрӕмбарат,
Ма сын кувут ӕмӕ сын ма лӕггад кӕнут, уымӕн ӕмӕ Ӕз, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, ӕнувыддзинад домӕг Хуыцау; йӕхи Мыл чи атигъ кодта, уыдоны тӕригъӕдтӕ фидын кӕнын сӕ байзӕддӕгтӕн, ӕртыккаг ӕмӕ цыппӕрӕм фӕлтӕры онг.
Дунедарӕгмӕ, уӕ Хуыцаумӕ, куынӕ хъусат, уӕд сымахӕн дӕр, мӕнӕ уӕ цӕстыты раз бындзагъд кӕй кӕны, уыцы адӕмтау зӕххыл уӕ кой дӕр нал баззайдзӕн.