38 Ӕцӕгӕлон адӕмты ’хсӕн бабын уыдзыстут, уӕ фыдгулты зӕхх уӕ аныхъуырдзӕн.
Уыцы бон стыр сыкъауадындз ныууасдзӕн, ӕмӕ ӕрцӕудзысты, Ассирийы чи фесӕфти ӕмӕ Мысырмӕ кӕй атардтой, уыдон. Ссӕудзысты Йерусалиммӕ, уаз хохмӕ, ӕмӕ Дунедарӕджы раз сӕ зонгуытыл ӕрхаудзысты.
Уацары йӕ кӕдӕм акодтой, уым йӕ мӕлӕт ссардзӕн, ацы зӕхх нал фендзӕн.
Чи ма уӕ аирвӕза, уыдон та фыдгулты зӕххытыл уӕлхъӕдӕй бамбидзысты, сӕхи ӕмӕ сӕ фыдӕлты тӕригъӕдты тыххӕй.
уый тыххӕй, дойны ӕмӕ сыдӕй мӕлгӕйӕ, бӕгънӕг ӕмӕ гӕвзыккӕй, Дунедарӕг уӕ кӕй ахӕсты фӕкӕна, уыцы знӕгтӕн лӕггад кӕндзыстут. Цалынмӕ бынсӕфт фӕуат, уӕдмӕ уӕ уыдон ӕфсӕн ӕфсондзы бын дардзысты.
Ӕз уын афтӕ кӕмӕй загътон, нал ӕй фендзыстут, зӕгъгӕ, раст уӕ уыцы фӕндагыл уӕ наутыл аздахдзӕни Дунедарӕг фӕстӕмӕ Мысырмӕ. Нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй уыцы ран уымӕ бӕлдзыстут, цӕмӕй уӕ исчи йӕхицӕн цагъайраг скӕна, фӕлӕ уӕ хъуыдыгӕнӕг нӕ уыдзӕн».