Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 26:36 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

36-37 Чи ма уӕ аирвӕза, уыдонӕн знаджы зӕххытыл сӕ зӕрдӕты ахӕм тас бауадздзынӕн, ӕмӕ-иу сыфтӕры сыбар-сыбурӕй дӕр лидзӕг фӕуыдзысты, раст сӕм цыма кардӕй ӕвзидынц, уыйау. Фӕсте сӕ ничи сурдзӕн, афтӕмӕй ахаудзысты зӕххыл.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 26:36
31 Iomraidhean Croise  

Уӕд уырдыгӕй араст сты. Сӕ алфамбылай сахарты цӕрджытыл Хуыцау бафтыдта стыр тас, ӕмӕ Йаковы фыртты фӕсте нал асырдтой.


Кусдзынӕ йыл, фӕлӕ дзы бӕркадджын тыллӕг нал райсдзынӕ. Ӕнӕкъона, хӕтӕнхуагӕй ӕрвитдзынӕ дӕ цард».


Герары алыварс цы сахартӕ уыди, уыдонӕн сӕ мулк хӕлӕттаг фӕкодтой ӕмӕ семӕ бирӕ ӕфтиӕгтӕ рахастой, уымӕн ӕмӕ сын Дунедарӕг сӕ цӕрджыты стыр тас бауагъта.


Бӕласӕй цы сыф ӕрхауди, ууыл Дӕ тых фӕлварыс? Хус тихалӕг Дӕ уӕлныхты цы сисыс?


Ӕцӕгӕлӕттӕ сыстадысты мӕ ныхмӕ, ӕгъатыртӕ мӕ хъавынц амарынмӕ, Хуыцауы дӕр ницӕмӕуал дарынц.


Фӕлӕ мӕнӕн Хуыцау ӕххуыс кӕны, Дунедарӕг мӕ удылхӕцӕг у,


Ӕнӕхуыцау, куы ничи йӕ сура, уӕд дӕр лидзгӕ кӕны, рӕстуд та домбайау хъӕбатыр у.


Иу лӕджы тасӕй уӕ лидзӕг фӕуыдзысты мин лӕджы, фондз лӕджы тасӕй та афтӕ лидздзыстут, ӕмӕ ма уӕ чи баззайа, уый уыдзӕни хохы цъуппыл сагъд наухъилау кӕнӕ къуылдымы сӕрыл сагъд тырысайау.


Давиды хӕдзармӕ фӕхӕццӕ чындӕуыд, Арамы ӕфсад Ефремы зӕххыл рӕсӕнуат скодтой, зӕгъгӕ, ӕмӕ паддзах ӕмӕ йӕ адӕмы зӕрдӕтӕ барызтысты, хъӕды бӕлӕстӕ дымгӕмӕ куыд баризынц, уыйау.


Зӕгъ Ахазӕн: „Лӕмбынӕг кӕс, ӕрсабыр у ӕмӕ мацӕмӕй тӕрс. Дӕ ныфс ма асӕттӕд Рецин ӕмӕ арамейӕгты, стӕй Ремалийы фырты пиллонкалгӕ мастӕй — дыууӕ фӕздӕгкалгӕ ӕхсидавӕй уӕлдай ницы сты уыдон.


Уӕ ныхмӕ цы халдейӕгты ӕфсад хӕцы, ууыл куы фӕуӕлахиз уыдаиккат ӕмӕ ма сӕм ӕрмӕст, чи фӕцӕф ис, ахӕм хӕстонтӕ куы баззадаид, уӕд уыдон дӕр рацыдаиккой сӕ цатыртӕй ӕмӕ ацы сахар басыгътаиккой».


Уый афӕлдӕхта бирӕты. Кӕрӕдзиуыл фӕхаудысты, дзырдтой: «Уӕлӕмӕ сыстут, аздӕхӕм нӕ адӕммӕ, нӕхи зӕххыл ӕгъатыр кардӕй фервӕзӕм!»


Уӕ, сурынц иудейӕгты сӕ зӕххӕй! Цагъартӕ сты, о, сау бон сыл куы ’ркодта! Ӕцӕгӕлӕтты ’хсӕн ӕмбӕхсынц, ӕнцой нӕ арынц, баййӕфтой сӕ знӕгтӕ! Уӕ, додойаг куы фесты!


Сионы чызгӕн фесӕфти йӕ фидауц, йӕ уӕздӕттӕ сдзӕгъӕл сты сагтау, ӕмӕ сӕхицӕн хизӕнуат нӕ арынц; сӕ хъару басаст, фӕлӕ лидзынц. О, додой, баййӕфта сӕ цуанон!


Цӕргӕсӕй тагъддӕр нӕ куы суры знаг, нӕ фӕдыл хӕхты, тыгъд быдырты зилы.


Адӕймаджы фырт! Хъӕр кӕн ӕмӕ дзыназ, уымӕн ӕмӕ уыцы кард райстӕуыдзӕни Мӕ адӕмы ныхмӕ, уыимӕ Израилы ӕппӕт фӕтӕгты ныхмӕ. Уыдон карды амӕттаг бауыдзысты Мӕ адӕмимӕ. Дӕ уӕрджытӕ ныххой уӕдӕ!


Цӕмӕй адӕм схъомпал уой ӕмӕ сӕ бирӕ фӕцагъды уа, уый тыххӕй сын алы сахары кулдуармӕ дӕр сӕ ныхмӕ ӕрӕвӕрдзынӕн ӕвзидгӕ кард. Уый цӕхӕртӕ калдзӕнис арвӕрттывдау, цыргъгонд ӕрцӕудзӕн адӕмы цӕгъдынмӕ.


Цӕуыл дзыназыс, зӕгъгӕ дӕ куы фӕрсой, уӕд-иу сын дзуапп ратт: ‚Цы фыдуац ӕрбацӕуы, уый тыххӕй‘. Алкӕмӕн дӕр асӕтдзӕни йӕ ныфс, уе ’ппӕтӕн дӕр уӕ уӕнгтӕ ӕркӕлдзысты ӕмӕ уӕ зӕрдӕтӕ бамӕгуыр уыдзысты, фыр тӕссӕй бадонзоныг уыдзыстут. Ӕппӕт уыдӕттӕн ӕнӕрцӕугӕ нӕй, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау“».


Израилӕн хорздзинад бӕсты нӕ цӕуы, ӕмӕ знаг зилдзӕни йӕ фӕдыл.


Мӕ азары хай уӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ уыл уе знӕгтӕ фӕуӕлахиз уыдзысты; ӕлдариуӕг уын кӕндзысты, ӕмӕ уӕ сургӕ ничи кӕндзӕн, афтӕмӕй лидздзыстут.


Уыцы хӕхты цӕрӕг аморӕгтӕ уӕ размӕ ралӕууыдысты. Мыдыбындзытау уӕ сӕ уӕлныхты айстой Сеиры ӕмӕ уӕ суанг Хормайы онг фӕсырдтой.


Иорданӕй ныгуылӕнӕрдӕм цӕрӕг амораг паддзӕхтӕ ӕмӕ денджызы фарсмӕ цӕрӕг ханаанаг паддзӕхтӕ фехъуыстой, израилӕгтӕ Иорданы фаллаг фарсмӕ куы хызтысты, уӕд сын Дунедарӕг сӕ развӕндагыл цӕугӕдон куыд байсысын кодта, уый, ӕмӕ тас бацыди сӕ зӕрдӕты, нал сӕм уыди израилӕгты ныхмӕ ӕрлӕууыны ныфс.


Ӕхсӕрдӕс ӕмӕ ссӕдз лӕджы амардтой, сахары кулдуарӕй сӕ дуркъахӕнты онг фӕсырдтой ӕмӕ сӕ уым хохы фахсыл фӕцагътой. Уыйадыл Израилы адӕмӕн сӕ зӕрдӕты тас бацыди, сӕ ныфс асасти.


Израилӕгтӕ иууылдӕр, уыцы лӕджы фенгӕйӕ, фыр тӕссӕй лидзӕг фесты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan