Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 26:33 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

33 Сымах та адӕмты ’хсӕн ныххӕлиу кӕндзынӕн ӕмӕ уӕ кардимӕ сурдзынӕн. Сафтид уыдзӕн уӕ зӕхх, уӕ сахартӕ хӕлддзӕгты кӕритӕ фестдзысты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 26:33
34 Iomraidhean Croise  

Гӕнӕн ис, ӕмӕ Дӕ адӕм Дӕ разы фӕтӕригъӕдджын уой, уымӕн ӕмӕ ӕнӕтӕригъӕд ничи у. Ды сӕм смӕсты уыдзынӕ, фыдгулты амӕттаг сӕ бакӕндзынӕ, ӕмӕ сӕ уыдон уацары акӕндзысты дард кӕнӕ ӕввахс бӕстӕмӕ.


ӕмӕ басыгъта Дунедарӕджы Кувӕндон, паддзахы галуан, стӕй стыр хӕдзӕрттӕ иууылдӕр.


Фӕлӕ уын цы уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ цы фӕдзӕхстытӕ радтон, уыдоныл уӕ къух куы ауигъат, куынӕуал сӕ ӕххӕст кӕнат, ӕндӕр хуыцӕуттӕн лӕггад кӕнын ӕмӕ кувын куы райдайат,


Уыдон мын загътой, уацары чи нӕ бахауди, уыдон, дам, уым, сӕ бӕстӕйы, удӕгас бӕргӕ сты, фӕлӕ сӕ фыр ӕдзӕллаг ӕмӕ ӕгадӕй арвмӕ асинтӕ ӕвӕрынц; Йерусалимы къул дӕрӕнгонд ӕрцыди, йӕ кулдуӕрттӕ та арты хай баисты.


Фӕлӕ ма Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн, Дӕ цагъар Моисейӕн кӕй загътай, уыцы ныхас — гадзрахатӕй, дам, куы рацӕуат Мӕныл, уӕд уӕ Ӕз ныххӕлиу кӕндзынӕн адӕмты ’хсӕн; кӕд ӕмӕ Мӕм фӕстӕмӕ раздӕхат ӕмӕ Мын Мӕ фӕдзӕхстытӕ уӕ зӕрдыл дарат ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕнат, уӕд та уӕ арвы кӕрӕттӕй дӕр иумӕ ӕрбамбырд кӕндзынӕн ӕмӕ уӕ Ме ’взӕрст бынатмӕ ӕркӕндзынӕн, цӕмӕй дзы Мӕ ном ӕрцӕра.


Уыйадыл Аман паддзах Ксерксӕн загъта: «Иу адӕмыхатт ис, дӕ бӕстӕйы алы кӕрӕтты иннӕ адӕмты ’хсӕн чи ныппырх ис. Се ’гъдӕуттӕ уыдонӕн бынтон ӕндӕр сты, стӕй уыдон паддзахы уынаффӕтӕ дӕр не ’ххӕст кӕнынц. Паддзах та сын уыцы бар хъуамӕ ма дӕтта. Кӕд паддзахӕн фӕндон у — сӕ ныццӕгъдыны уынаффӕ рахӕссӕд, ӕмӕ уӕд ӕз къазнадартӕн дӕс мин таланты ӕвзист ратдзынӕн, ӕмӕ сӕ паддзахы къазнамӕ бафтаудзысты».


Зилдух кодтой, расгуытау цудыдтой, фыр тӕссӕй сӕ зонд дзӕгъӕлтӕ кӕнын байдыдта.


Байхъус, чызг, кӕс ӕмӕ хъус лӕмбынӕг, ферох кӕн дӕ адӕмы, дӕ фыды хӕдзар.


Паддзах бабӕлдзӕни дӕ рӕсугъддзинадмӕ; Уый у дӕ Бардарӕг, ӕмӕ Йын бакув.


Уӕ зӕхх ныггӕныстон, уӕ сахартӕ арты хай баисты, уӕ хуымты бӕркад уын уӕ цӕстыты раз ӕцӕгӕлӕттӕ ссивынц. Зӕрӕстон фӕци уӕ бӕстӕ, цыма йӕ ӕцӕгӕлӕттӕ дымгӕмӕ ныддардтой, уыйау.


Ӕз бафарстон: «Кӕдмӕ уыдзӕнис афтӕ?» Дунедарӕг мын дзуапп радта: «Цалынмӕ сахартӕ федзӕрӕг уой, хӕдзӕрттӕ дзӕгъӕлӕй баззайой ӕмӕ зӕхх ныггӕныстон уа, уӕдмӕ.


Ӕдзӕрӕг быдыры дымгӕ рыг куыд фӕхӕссы, афтӕ уӕ Ӕз ныххӕлиу кӕндзынӕн.


Иудейы паддзах, Езекиайы фырт Менассиа, Йерусалимы цытӕ фӕкодта, уыдӕтты тыххӕй сӕ ӕппӕт зӕххон паддзахӕдтӕн Ӕз ӕвирхъау дӕнцӕг сараздзынӕн».


О адӕмтӕ, байхъусут Дунедарӕджы ныхасмӕ! Дард сакъадӕхтӕн фехъусын кӕнут, дзурут сын: «Израилы Чи ныххӕлиу кодта, Уый йӕ фӕстӕмӕ ӕрӕмбырд кӕндзӕн ӕмӕ, фыййау йӕ дзуг куыд хъахъхъӕны, афтӕ йӕ хъахъхъӕндзӕн».


Домбай рацыди тар хъӕдӕй, адӕмты сафӕг араст ис балцы. Цӕмӕй дын дӕ зӕхх ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕна, уый тыххӕй йӕ цӕрӕнбынат ныууагъта. Дӕ сахартӕ дын ныззыгуым кӕндзӕн, иунӕг цӕрӕг дзы нал баззайдзӕн.


Иудейы сахарты ӕмӕ Йерусалимы уынгты цин ӕмӕ бӕрӕгбоны уынӕрӕн Ӕз кӕрон скӕндзынӕн. Усгур ӕмӕ чындзы хъӕлӕстӕ нал хъуысдзысты, ацы зӕхх ӕдзӕрӕг быдыр фестдзӕн.


Уыцы фыд адӕмӕй ма чи аирвӕза, уыдоны Ӕз кӕдӕмфӕнды куы фӕсурон — алы ран дӕр сын мӕлӕт цардӕй бӕллиццагдӕр суыдзӕн, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг.


Сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ сӕ фыдӕлтӕ дӕр кӕй нӕ зыдтой, уыцы адӕмты ’хсӕн сӕ ныххӕлиу кӕндзынӕн, цалынмӕ бынтондӕр сыскъуыйой, уӕдмӕ сӕ кардимӕ сурдзынӕн».


О, додой! Адӕмарӕх сахар куы сафтид ис, идӕдзау иунӕгӕй куы аззади! Кӕддӕр куы уыдис адӕмты ’хсӕн номдзыд, бӕстӕты ус-паддзах куы сси цагъар!


Уӕ, сурынц иудейӕгты сӕ зӕххӕй! Цагъартӕ сты, о, сау бон сыл куы ’ркодта! Ӕцӕгӕлӕтты ’хсӕн ӕмбӕхсынц, ӕнцой нӕ арынц, баййӕфтой сӕ знӕгтӕ! Уӕ, додойаг куы фесты!


Хъӕр сӕм кӕнынц: «О, фесӕфут, фӕчъизи стут! Цӕугӕут, ма ныл бандзӕвут!» Адӕмтӕ сӕ кой кӕнынц: «Мӕгуыр дзӕгъӕлдзутӕ! Ӕрцыди се сӕфт!


Дунедарӕг сӕ Йӕхӕдӕг фӕсырдта, нал сӕм ракӕсдзӕн!» Ныр сӕлгъаг сты сауджынтӕ, хатыр нӕй зӕрӕдтӕн!


Адӕмарӕх сахартӕ ныггӕныстон уыдзысты, зӕхх ӕдзӕрӕг быдыр фестдзӕн, ӕмӕ уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый“».


Ӕцӕг, ӕдзӕрӕг быдыры Мӕ къух уӕлӕмӕ систон ӕмӕ расомы кодтон, кӕй сӕ ныххӕлиу кӕндзынӕн алы бӕстӕтыл, алы адӕмтыл.


Алы бӕстӕты, алы адӕмты ’хсӕн дӕ ныххӕлиу кӕндзынӕн ӕмӕ кӕрон скӕндзынӕн де ’нӕуаг митӕн.


Сӕ иу ӕртыккаг хай сын арты басудз сахары астӕу, йе ’рхъулайы бонтӕ куы фӕуой, уӕд, иннӕ ӕртыккаг хай кардӕй ныллыгтӕ кӕн сахаргӕрӕтты, аннӕ ӕртыккаг хай та дымгӕмӕ ныддар. Ӕз та сӕм фӕсте ӕвзиддзынӕн кардӕй.


Фыдбылызӕй куы аирвӕзат, уӕд уӕ Мысыр суазӕг кӕндзӕн, Мемфис та уӕ ингӕны хай бакӕндзӕн. Уе ’взист дзауматӕ пысырайы бын фӕуыдзысты, уӕ цӕрӕнтӕ какон сындзӕй нал зындзысты.


Се знӕгты разӕй уацары куы ацӕуой, уӕд сӕ уым дӕр карды цӕфӕй амардзынӕн. Мӕ цӕстӕнгас сӕм сӕ хорзӕн нӕ, фӕлӕ сӕ фыдбылызӕн сараздзынӕн».


Кӕй нӕ зыдтой, уыцы адӕмты ’хсӕн сӕ ныххӕлиу кодтон, сӕ фӕстӕ ацы зӕхх гӕныстонмӕ ’рцыди. Иунӕг цӕуӕг ыл нал баззад, бӕллиццаг зӕхх ӕдзӕрӕг быдыр фестын кодтой».


Кардылӕфтыд фӕуыдзысты ӕмӕ фӕцагъды уыдзысты, алы бӕстӕтӕм сӕ уацары фӕкӕндзысты. Муртаттӕгтӕ Йерусалимы сахар сӕ къӕхты бын ссӕнддзысты, цалынмӕ сӕ рӕстӕг фӕуа, уӕдмӕ.


Ныххӕлиу уӕ кӕндзӕн Дунедарӕг адӕмты ’хсӕн. Армыдзаг ма уыдзыстут, Дунедарӕг уӕ кӕдӕм фӕкӕна, уыцы адӕмты ’хсӕн.


Йаковӕй, Хуыцауы ӕмӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы цагъарӕй, — ӕцӕгӕлон адӕмты ’хсӕн цы дыууадӕс мыггаджы ныххӕлиу, уыдонмӕ. Фӕрнджын ут.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan