3 Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Мын Мӕ фӕдзӕхстытӕ ӕнувыдӕй куы ӕххӕст кӕнат,
Лӕггад кӕнут Дунедарӕгӕн, уӕ Хуыцауӕн — уӕд уын раарфӕ кӕндзынӕн уӕ къӕбӕр ӕмӕ уӕ донӕн, фӕсурдзынӕн уын уӕ низтӕ.
Тӕхуды ӕмӕ мӕм куы байхъусиккат! Уӕд зӕххы фарнӕй бафсӕдиккат.
Хуыцау уын уӕ хоры хуымтӕн ратдзӕни къӕвда, стӕй уӕ бафсаддзӕни дзаджджын тыллӕгӕй, ныккӕнӕн дӕр нӕ уыдзӕни уӕ хортӕн.
Ӕз уын уӕ фыдӕлты Мысыры зӕххӕй, ӕфсӕйнаг тайынгӕнӕн куынцгомӕй, куы ракодтон, уӕд сын ацы фидыд ӕххӕст кӕнын бафӕдзӕхстон, загътон сын: Мӕ ныхасмӕ Мын хъусут, цыдӕриддӕр уын фӕдзӕхсон, уыдӕттӕ кӕнут, ӕмӕ уыдзыстут Мӕ адӕм, Ӕз та — уӕ Хуыцау.
Дыргътӕ уӕ бон хӕрын уыдзӕни фӕндзӕм азӕй фӕстӕмӕ. Афтӕ куы кӕнат, уӕд уӕ бӕлӕсты бӕркад бирӕ уыдзӕн. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау.
Сабырӕй байтаудзысты сӕ хуымтӕ, сӕнӕфсиры талайыл гагатӕ равзӕрдзӕн, зӕхх тыллӕг ратдзӕнис, арвӕй ӕртӕх ӕрызгъӕлдзӕн. Ӕмӕ уыдӕттӕ Ӕз иууылдӕр, Мӕ адӕмӕй ма чи аирвӕзт, уыдонӕн ратдзынӕн исбонӕн.
Уе ’фтиаджы дӕсӕймаг хӕйттӕ иууылдӕр къӕбицтӕм ӕрбахӕссут, цӕмӕй Мӕ Хӕдзары хойраг уа, ӕмӕ Мӕ уымӕй уӕддӕр бафӕлварут, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. — Цымӕ уын арвы дуӕрттӕ нӕ байгом кӕнин ӕмӕ Мӕ арфӕты бын нӕ фӕуаиккат?
Уыцы уагӕвӕрдты сӕрты куынӕ хизат, бӕстон сӕ куы ӕххӕст кӕнат ӕмӕ сӕ куы бахъахъхъӕнат, уӕд Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уӕ фыдӕлтимӕ цы фидыд сарӕзта, уый нӕ фӕсайдзӕн.
Мӕ фӕдзӕхстытӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдон тӕхудиаг сты — уыдзӕн сын царды бӕласы дыргъӕй бахӕрыны ӕмӕ сахармӕ кулдуарыл бацӕуыны бар.