Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 26:29 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

29 Уӕ фырттӕ ӕмӕ чызджытӕн сӕ фыд хӕрынмӕ ’рцӕудзыстут.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 26:29
8 Iomraidhean Croise  

Ӕз ацы сахары цӕрджытӕн сӕ фырттӕ ӕмӕ сӕ чызджыты фыдтӕ бахӕрын кӕндзынӕн. Сӕ мӕлӕтмӕ цы знӕгтӕ бӕллынц, уыдон сыл куы ’рхъула кӕной ӕмӕ уынгӕджы ранмӕ куы бахауой, уӕд дзы алчидӕр йӕ сыхаджы буар хӕрынмӕ ӕрцӕудзӕн.


О Дунедарӕг, ӕркӕс мӕм! О, уый бӕрц ӕгъатыр кӕд кӕимӕ уыдтӕ?! Ныййарӕг мад йӕ сабиты хӕрынмӕ ’рцыд! Уӕ, сауджынӕй, пехуымпарӕй куы сӕфынц, Дӕ Кувӕндоны сӕ куы марынц!


Фӕлмӕн ныййарджытӕ сӕ хъӕбулты фыцынц! Уӕ, ноггуырд сабитӕ куы систы хойраг! Уӕ, сӕфынц мӕ адӕм!


Уымӕ гӕсгӕ дӕ мидӕг фыдӕлтӕ хӕрдзысты сӕ фыртты, уыдон та — сӕ фыдӕлты. Ӕз дыл Мӕ тӕрхоны азар ныххуырсдзынӕн, чи ма дӕ аирвӕза, уыдоны та ӕппӕт дымгӕтӕм ныддардзынӕн.


Додойаг уыдзысты сывӕрджын ӕмӕ дзидзидарӕг сылгоймӕгтӕ!


Уымӕн ӕмӕ ӕрцӕуы ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ дзурдзысты: „Тӕхудиаг сты, сывӕллон чи нӕ ныййардта ӕмӕ йӕ риуы ’хсырӕй хъӕбул чи не схаста, уыцы ӕнӕзӕнӕг сылгоймӕгтӕ!“


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan