27 Уый фӕстӕ дӕр ма Мӕм куынӕ байхъусат ӕмӕ та Мӕ ныхмӕ куы рацӕуат,
Ӕмӕ иу бон мӕ лӕппуйы сфыхтам ӕмӕ йӕ бахордтам, фӕлӕ иннӕ бон ацы ус йӕ лӕппуйы бамбӕхста».
Кӕд ма уый фӕстӕ дӕр Мӕ ныхмӕ рацӕуат ӕмӕ Мӕм нӕ хъусат, уӕд уӕ авд хатты тынгдӕр бафхӕрдзынӕн уӕ тӕригъӕдты тыххӕй.
уӕд Ӕз дӕр рацӕудзынӕн уӕ ныхмӕ ӕмӕ уӕ авд хатты карздӕр бафхӕрдзынӕн уӕ тӕригъӕдты тыххӕй.
Хойрагӕй уӕ ӕнӕхай фӕкӕндзынӕн, уӕ сылгоймӕгтӕ дӕсӕй иу пецы дзул фыцдзысты. Тӕразыл барстӕй уын дзул дӕтдзысты, ӕмӕ хӕрдзыстут, фӕлӕ не ’фсӕддзыстут.
уӕд уӕ, фыр мӕстӕй судзгӕйӕ, авд хатты карздӕр бафхӕрдзынӕн уӕ тӕригъӕдты тыххӕй.
Дунедарӕгмӕ, уӕ Хуыцаумӕ, куынӕ хъусат, уӕд сымахӕн дӕр, мӕнӕ уӕ цӕстыты раз бындзагъд кӕй кӕны, уыцы адӕмтау зӕххыл уӕ кой дӕр нал баззайдзӕн.