24 уӕд Ӕз дӕр рацӕудзынӕн уӕ ныхмӕ ӕмӕ уӕ авд хатты карздӕр бафхӕрдзынӕн уӕ тӕригъӕдты тыххӕй.
ӕнӕхин адӕймагӕн бафидыс йӕ сыгъдӕгдзинадмӕ гӕсгӕ, мӕнгардӕн та — йӕ мӕнгарддзинадмӕ гӕсгӕ.
Иууылкуырыхон ӕмӕ иууылхъаруджын дӕр Йӕ ныхмӕ куыд фӕлӕудзӕн?
Фӕлӕ мах Йӕ ныхмӕ рацыдыстӕм, Йӕ Сыгъдӕг Уды хъыджы бацыдыстӕм, ӕмӕ нӕм уӕд Уый дӕр сызнаг ис ӕмӕ райдыдта нӕ ныхмӕ хӕцын.
Ды та, адӕймаджы фырт, пехуымпариуӕг кӕн, дӕ армытъӕпӕнтӕ кӕрӕдзиуыл ӕрцӕвгӕйӕ. Фӕдывӕр ӕмӕ, зӕгъ, фертывӕр уыдзӕни карды тых, йӕ амӕттаг кӕй кӕна, уыдоны ныхмӕ, уыимӕ стыр паддзахы ныхмӕ, ӕмӕ сӕ арф ныррӕхойдзӕн.
Кӕд мӕм уый фӕстӕ дӕр нӕ байхъусат, уӕд уӕ авд хатты карздӕр бафхӕрдзынӕн уӕ тӕригъӕдты тыххӕй.
Кӕд ма уый фӕстӕ дӕр Мӕ ныхмӕ рацӕуат ӕмӕ Мӕм нӕ хъусат, уӕд уӕ авд хатты тынгдӕр бафхӕрдзынӕн уӕ тӕригъӕдты тыххӕй.
уӕд уӕ, фыр мӕстӕй судзгӕйӕ, авд хатты карздӕр бафхӕрдзынӕн уӕ тӕригъӕдты тыххӕй.
Ӕз дӕр сӕ ныхмӕ уый тыххӕй рацыдтӕн, се знӕгты зӕхмӕ сӕ фӕсырдтон. Се ’нӕсунӕтгонд зӕрдӕтӕ куы басӕттой, уӕд уымӕй бафиддзысты сӕ азым,