19 Ӕз уын басӕтдзынӕн уӕ сӕрыстырдзинад, уӕ сӕрмӕ уын арв ӕфсӕны хуызӕн скӕндзынӕн, уӕ къӕхты бын зӕхх та — ӕрхуыйы ’нгӕс.
Галаадмӕ балидзӕг адӕмӕй иу лӕг, тишбийаг Илийа, Ахавӕн загъта: «Сомы дын кӕнын Дунедарӕгӕй, Израилы Хуыцауӕй, лӕггад Кӕмӕн кӕнын, Уымӕй: къорд азы дӕргъы нӕ уыдзӕни нӕдӕр къӕвда, нӕдӕр ӕртӕх, цалынмӕ ӕз нӕ зӕгъон, уӕдмӕ».
Дӕ разы фӕтӕригъӕдджын сты ӕмӕ сын уый тыххӕй арв йе ’ртах нал дӕтты, зӕгъгӕ, уӕд Дын Дӕ къухы цӕф куы бамбарой ӕмӕ сӕ тӕригъӕдыл куы ӕрфӕсмон кӕной ӕмӕ Дын, ацы Кувӕндонмӕ се ’ргом саразгӕйӕ, Дӕ номӕн кад куы скӕной ӕмӕ Дӕм куы скувой,
Иу бон Уӕларвӕфсады Бардарӕг стӕрхон кӕндзӕни ӕнӕввӕрсон, схъӕл ӕмӕ сӕрхызтӕн — ӕрныллӕг сӕ кӕндзӕни.
Йӕ къухтӕ ма ленкгӕнӕгау цасфӕнды тилӕд — Хуыцау ӕй уӕддӕр ӕрныллӕг кӕндзӕн — цыфӕнды тылд кӕнӕд йӕ къухтӕ.
Уый раппӕрста, уӕлиау чи царди, уыдоны, бӕрзонд лӕууӕг сахар ныппырх кодта ӕмӕ йӕ рыджы хай бакодта.
Додой йӕ къона расыггӕнаг ефремонты рӕсугъд бӕстӕн, йӕ аив фӕлысты чи баруади, уыцы дидинӕгӕн, дзаджджын уӕлвӕзӕн — фыднозты рын сыстади йӕ цӕрджытыл!
«Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: раст афтӕ басӕтдзынӕн Иудейы хъалдзинад ӕмӕ Йерусалимы ӕгӕрон сӕрыстырдзинад дӕр.
Уый тыххӕй Ӕз зӕхмӕ доны ’ртах нал ӕруагътон, ӕмӕ уалдзыгон къӕвдатӕ банцадысты. Хъахбай сылау дӕ цӕсгом фесӕфтай, ферох дӕ ис ӕфсарм!
цӕмӕй ӕз Израилы адӕмӕн зӕгъон: „Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: Ӕз фӕчъизи кӕндзынӕн Мӕ Кувӕндон — уӕ хъомысы цӕджындз, уӕ цӕстырухс, уӕ удлӕууӕн. Уӕ фырттӕ ӕмӕ уӕ чызджытӕ та, сахары кӕй ныууагътат, уыдон, карды амӕттаг бауыдзысты“.
Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Мысыры фарс чи хӕцы, уыцы ӕфсӕдтӕ дӕрӕнгонд ӕрцӕудзысты, сӕрыстыр кӕй хъомысӕй у, йӕ уыцы ӕфсад дӕр бабын уыдзӕни. Карды амӕттаг бауыдзысты Мигдолӕй Сиенейы онг, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. —
Бӕстӕ ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзынӕн, кӕрон ӕрцӕудзӕн, сӕрыстыр кӕмӕй уыд, йӕ уыцы хъомысӕн. Израилы хӕхтӕ сафтид уыдзысты, иу цӕуӕг сыл нал уыдзӕн.
Ӕз ӕрбакӕндзынӕн адӕмты фыддӕрты, ӕмӕ сын уыдон сӕ хӕдзӕрттӕ байсдзысты. Уӕд тыхджынты хъалдзинадӕн кӕрон скӕндзынӕн, ӕмӕ сӕ уаз бынӕттӕ фӕчъизи уыдзысты.
Уыцы бон дын Ӕз, Мӕ ныхмӕ цы тӕригъӕдтӕ фӕкодтай, уыдон дӕ цӕстмӕ нал бадардзынӕн, уымӕн ӕмӕ дын де ’хсӕнӕй сӕрыстыр ӕмӕ ӕнӕввӕрсон адӕмы фӕсурдзынӕн, ӕмӕ уӕд Мӕ уаз хохыл схъӕл ныхӕстӕ нал кӕндзынӕ.
Ӕцӕг уын зӕгъын, ӕцӕг: Илийайы заманы бирӕ идӕдз сылгоймӕгтӕ уыдис Израилы. Уӕд арвӕй ӕртӕ азы ӕмӕ ӕхсӕз мӕйы дӕргъы къӕвдайы ӕртах не ’рхауд, ӕмӕ ӕппӕт бӕстӕйы дӕр стонг рӕстӕг скодта.
Науӕд уӕм Дунедарӕджы маст ссудздзӕн, ӕмӕ уӕлӕрвтӕ гуыдырӕвӕрд скӕндзӕни, къӕвдайы ӕртах нал ӕруадздзӕни. Зӕхх тыллӕг нал ратдзӕн, ӕмӕ тагъд рӕстӕджы цагъды фӕуыдзыстут, Дунедарӕг уын кӕй дӕтты, уыцы алӕмӕты бӕстӕйы.
Уӕ сӕрмӕ арв фестдзӕн ӕрхуы, уӕ къӕхты бын зӕхх — ӕфсӕн.
Хуыцауы Фидыды Чырын знаджы къухмӕ бахауд, Елиайы дыууӕ фырты та — Хофни ӕмӕ Пинхас — мард фесты.
Адӕм сӕ рӕсӕнуатмӕ куы ӕрбаздӕхтысты, уӕд Израилы хистӕртӕ загътой: «Дунедарӕг нӕ абон филистимӕгты къухӕй цӕмӕн ныддӕрӕн кодта? Цӕй ӕмӕ Дунедарӕджы Фидыды Чырын рахӕссӕм Силомӕй, цӕмӕй Уый немӕ уа ӕмӕ нӕ ирвӕзын кӕна не знӕгтӕй».