Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 26:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 Мӕ азары хай уӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ уыл уе знӕгтӕ фӕуӕлахиз уыдзысты; ӕлдариуӕг уын кӕндзысты, ӕмӕ уӕ сургӕ ничи кӕндзӕн, афтӕмӕй лидздзыстут.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 26:17
30 Iomraidhean Croise  

Кусдзынӕ йыл, фӕлӕ дзы бӕркадджын тыллӕг нал райсдзынӕ. Ӕнӕкъона, хӕтӕнхуагӕй ӕрвитдзынӕ дӕ цард».


Дӕ адӕм, Израил, Дӕ разы фӕтӕригъӕдджын сты ӕмӕ уый тыххӕй фыдгулы амӕттаг баисты, зӕгъгӕ, уӕд куы ӕрфӕсмон кӕной, се ’ргом Дӕм куы раздахой ӕмӕ Дын ацы Кувӕндоны Дӕ номӕн кад куы скӕной, кувын, лӕгъстӕ кӕнын Дӕм куы райдайой,


Дунедарӕгӕн Йӕ маст ссыгъд Израилы адӕммӕ ӕмӕ сӕ Йоахазы заман Арамы паддзах Хазаелы къухмӕ радта, фӕстӕдӕр та сыл Хазаелы фырт Бен-Хадады ӕфсондз сӕвӕрдта.


Йоахазмӕ ма ӕдӕппӕтӕй баззади дӕс хӕстон уӕрдоны, дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз уӕрдонджыны, стӕй дӕс мин фистӕг хӕстоны, уымӕн ӕмӕ сӕ Арамы паддзах ныддӕрӕн кодта.


Дӕ кадджын фӕсдзӕуинты ’хсӕн — паддзахы чызджытӕ, ус-паддзах офираг сыгъзӕрины фӕлыстӕй ӕрлӕууыди Дӕ фарсмӕ.


Ӕцӕгӕлӕттӕ сыстадысты мӕ ныхмӕ, ӕгъатыртӕ мӕ хъавынц амарынмӕ, Хуыцауы дӕр ницӕмӕуал дарынц.


Фӕлӕ мӕнӕн Хуыцау ӕххуыс кӕны, Дунедарӕг мӕ удылхӕцӕг у,


Ӕнӕхуыцау, куы ничи йӕ сура, уӕд дӕр лидзгӕ кӕны, рӕстуд та домбайау хъӕбатыр у.


Иу лӕджы тасӕй уӕ лидзӕг фӕуыдзысты мин лӕджы, фондз лӕджы тасӕй та афтӕ лидздзыстут, ӕмӕ ма уӕ чи баззайа, уый уыдзӕни хохы цъуппыл сагъд наухъилау кӕнӕ къуылдымы сӕрыл сагъд тырысайау.


Фӕлӕ мах Йӕ ныхмӕ рацыдыстӕм, Йӕ Сыгъдӕг Уды хъыджы бацыдыстӕм, ӕмӕ нӕм уӕд Уый дӕр сызнаг ис ӕмӕ райдыдта нӕ ныхмӕ хӕцын.


Ӕз ацы ран Иудей ӕмӕ Йерусалимӕн сӕ фӕндтӕ ӕнӕпайда фӕкӕндзынӕн, се знӕгты раз сӕ кардӕй ныццӕгъддзынӕн, сӕ мӕлӕтмӕ чи бӕллы, уыдоны къухтӕй. Сӕ мӕрдтӕ сын уӕларвон мӕргътӕ ӕмӕ зӕххон сырдтӕн холыйӕн ратдзынӕн.


Уымӕ гӕсгӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: «Ӕз сымахӕй уӕ фыдбылызӕн Ме ’ргом аздахдзынӕн, ӕппӕт иудейӕгты ныццӕгъддзынӕн!


Фӕуӕлахиз ыл йе знаг, сӕ цины хъӕр фыдгултӕн хъуысы, — о, Дунедарӕг бафхӕрдта Йӕ сахар; йӕ тӕригъӕдтӕ хъизӕмарӕй фиды! Йӕ сабиты йын уацары фӕкӕнынц, тӕрынц сӕ се знӕгтӕ сӕ разӕй.


Йӕ фат нылвӕста Дунедарӕг знагау ӕмӕ Йӕ кардӕй бабын кодта ӕппӕт дӕр, — цыдӕриддӕр у цӕстытӕн ӕхцон! Сионы Чызджы хӕдзӕрттыл йӕ маст ныккалдта пиллон артау!


Ме ’ргом сӕ ныхмӕ сараздзынӕн, ӕмӕ иу артӕй раирвӕздзысты, фӕлӕ сӕ иннӕ арт аныхъуырдзӕн, ӕмӕ сымах базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый — Ме ’ргом сӕ ныхмӕ куы саразон, уӕд.


Израилӕгтӕй кӕнӕ се ’хсӕн цӕрӕг ӕцӕгӕлӕттӕй исчи йӕхи туджы хъӕстӕ куы фӕкӕна, уӕд ӕй Ӕз мӕ азары хай бакӕндзынӕн, хъодыгонд ӕй фӕкӕндзынӕн йӕ адӕмы ’хсӕнӕй,


Дунедарӕг уӕ лидзӕг фӕкӕндзӕни уе знӕгты разӕй: иу фӕндагыл сӕ ныхмӕ ралӕудзыстут, авд фӕндагыл та сӕ разӕй лидздзыстут. Уӕ хъысмӕтӕй ӕппӕт дунейы адӕмтӕ дӕр ныккӕрздзысты.


Израилӕгтӕй уырдӕм ацыди ӕртӕ мин лӕджы бӕрц, фӕлӕ сӕ Гайы цӕрджытӕ фӕстӕмӕ лидзӕг фӕкодтой.


Дунедарӕг сыл абырджыты сагъуыйын кодта, ӕмӕ сӕ стыгътой. Сӕ алыварс цӕрӕг знӕгты къухтӕм сӕ радта, ӕмӕ израилӕгтӕн сӕ ныхмӕ хӕцын сӕ бон нал уыди.


Ӕстдӕс азы дӕргъы израилӕгтӕ уыдысты Моавы паддзах Еглоны дӕлбар.


Дунедарӕг сӕм смӕсты ис ӕмӕ сӕ Арам-Нахараимы паддзах Кушан-Ришатаимы дӕлбар бакодта.


Израилӕгтӕ мидианӕгты ’фсондзы бын хъизӕмарӕй мардысты, къӕдзӕхты цъассыты, лӕгӕтты ӕмӕ ӕвадат хӕхты бӕрзӕндты бамбӕхстысты.


Фӕлӕ Дунедарӕджы коммӕ куынӕ кӕсат ӕмӕ Йӕ фӕндоны ныхмӕ куы лӕууат, уӕд Дунедарӕг рацӕудзӕн уӕ ныхмӕ ӕмӕ уӕ паддзахы ныхмӕ.


Филистимӕгтӕ схӕцыдысты израилӕгтимӕ, ӕмӕ Израилы хӕцӕг адӕм лидзӕг фесты. Бирӕтӕ дзы цӕфтӕй баззадысты Гилбоайы хохы фӕхстыл.


Филистимӕгтӕ схӕцыдысты, ӕмӕ израилӕгтӕ дӕрӕнгонд ӕрцыдысты. Бирӕ дзы фӕцагъды: сӕ фистӕг ӕфсадӕй бабын ис дӕс ӕмӕ ссӕдз мины, удӕгасӕй ма чи аирвӕзт, уыдон та сӕ хӕдзӕрттӕм фӕлыгъдысты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan