11 Мӕ цӕрӕн ӕрӕвӕрдзынӕн уе ’хсӕн, ӕлгъ уыл нӕ кӕндзынӕн.
Израилӕгтимӕ кӕмфӕнды куы хаттӕн, уӕд дӕр, Мӕ адӕмы, Израилы, кӕй бӕрны бакодтон, сӕ уыцы фӕтӕгтӕй кӕд кӕмӕн загътон, кедрӕй хӕдзар Мын цӕуылнӕ саразут, зӕгъгӕ?“
Ныр Дын ӕз скодтон бӕрзонд ӕмӕ парахат Хӕдзар, цӕмӕй дзы цӕрай мыггагмӕ».
Ӕниу Хуыцау зӕххыл куыд хъуамӕ ӕрцӕра? Уӕларв ӕмӕ уӕлдунетӕ дӕр Дын ӕгӕр къуындӕг куы сты, куы нӕ Дыл ӕххӕссынц, уӕд Дын ӕз цы Кувӕндон сарӕзтон, уым куыд бацӕудзынӕ?
уӕд сын Хуыцау сӕгад кӕны сӕ фӕтӕгты, ӕдзӕрӕг ранмӕ сӕ акӕны, ӕмӕ уым фӕдзӕгъӕл вӕййынц.
Хуыцаумӕ сидын, Хуыцаумӕ дзыназын, ӕмӕ мӕ фехъусдзӕни Уый.
Израилӕгтӕ Мын саразӕнт Уаз Цӕрӕн, цӕмӕй се ’хсӕн цӕрон.
Ӕз цӕрдзынӕн израилӕгты ’хсӕн ӕмӕ уыдзынӕн сӕ Хуыцау,
ӕмӕ уӕд сӕ зӕрдыл дардзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, сӕ Хуыцау, Мысыры зӕххӕй сӕ чи ракодта, Уый. Ракодтон сӕ, цӕмӕй цӕрон се ’хсӕн. Ӕз Дунедарӕг дӕн, сӕ Хуыцау.
Фӕлӕ нӕ Дӕ номы сӕраппонд ма аппар, Дӕ кадджын паддзахы бадӕн ӕгады бынатмӕ ма ’руадз. Немӕ кӕй сарӕзтай, уыцы фидыд ӕрымыс, ма йӕ фехал.
Йӕ нывондхӕссӕн фехста, Йӕ Кувӕндонмӕ нал цӕуы ӕмгӕрон. Сионы галуантӕ фыдгулты къухтӕм радта, сӕ уынӕр хъуысы Дунедарӕджы хӕдзарӕй, — бӕрӕгбон сын у ныр!
Уӕд базондзыстут, Ӕз Израилы ’хсӕн кӕй цӕрын, уый, ӕмӕ Ӕз уӕ Дунедарӕг Хуыцау кӕй дӕн ӕмӕ ӕндӕр хуыцау кӕй никуы ис. Ӕмӕ Мӕ адӕм мыггагмӕ нӕ фӕхудинаг уыдзысты.
Уӕ цурӕй уын цы адӕмты сурын, уыдоны ӕгъдӕуттӕ ма бафӕзмут. Уыдон ӕппӕт уыдӕттӕ кӕй кодтой, уый тыххӕй сӕм Мӕ маст рафыхти.
Мӕ уагӕвӕрдтыл Мын уӕхи куы атигъ кӕнат ӕмӕ Мын Мӕ амындтытыл ӕлгъ куы кӕнат, уемӕ кӕй сарӕзтон, уыцы фидыд куы фехалат,
Ацы зӕхх куы ныууадзой ӕмӕ куы сафтид уа, уӕд йӕ сабаты азтӕ баххӕст кӕндзӕн, цалынмӕ уыдон сӕ тӕригъӕдтӕ фидой, уӕдмӕ, уымӕн ӕмӕ Мын Мӕ амындтытыл сӕхи атигъ кодтой, Мӕ уагӕвӕрдтыл ӕлгъ кодтой.
Фӕлӕ сыл Ӕз, се знӕгты зӕххыл куы уой, уӕд дӕр Мӕхи нӕ атигъ кӕндзынӕн ӕмӕ сыл ӕлгъ нӕ кӕндзынӕн. Ӕз сӕ нӕ фесафдзынӕн ӕмӕ Мӕ фидыд нӕ фехалдзынӕн семӕ, уымӕн ӕмӕ Ӕз Дунедарӕг дӕн, сӕ Хуыцау.
Иу мӕймӕ ӕртӕ фыййауы фесафдзынӕн; уыдон мӕ куыд нӕ уарзынц, афтӕ Мӕнӕн дӕр суыдзысты ӕнӕуынон.
Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы рӕзут сымах дӕр, цӕмӕй Сыгъдӕг Уды хъаруйӕ сымахӕй амадӕуа Хуыцауы цӕрӕнуат.
Дунедарӕг уый куы федта, уӕд фыр мӕстӕй атигъ кодта Йӕхи Йӕ фырттӕ ӕмӕ Йӕ чызджытыл.
Кӕд уӕ зӕххы хай фӕчъизи ис, уӕд рацӕут Дунедарӕджы зӕххы хаймӕ — Йӕ Уаз Цӕрӕн кӕм лӕууы, уырдӕм! Мах цур хай райсут уӕхицӕн, фӕлӕ Дунедарӕджы ныхмӕ ма цӕут ӕмӕ мах дӕр азымаг ма кӕнут, уӕхицӕн Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, нывондхӕссӕнӕй уӕлдай ӕндӕр нывондхӕссӕн кӕй аразут, уымӕй.
Ӕмӕ Елеазары фырт сауджын Пинхас загъта Рувим ӕмӕ Гады байзӕддӕгтӕн, стӕй Менассиайы хӕдзарвӕндаджы ӕмбисӕн: «Абон мах базыдтам, Дунедарӕг не ’хсӕн кӕй ис, уый. Сымах Дунедарӕджы ныхмӕ кӕй нӕ рацыдыстут, уымӕй Израилы адӕмы бахызтат Йӕ азарӕй».
Паддзахы бадӕнӕй ӕз фехъуыстон тыхджын хъӕлӕс: «Мӕнӕ ис Хуыцауы Уаз Цӕрӕн, Уый цӕрдзӕнис адӕмимӕ! Уыдон уыдзысты Йӕ адӕм, Хуыцау Йӕхӕдӕг уыдзӕни семӕ ӕмӕ уыдзӕн сӕ Хуыцау.
Уымӕн лӕууынц Хуыцауы бадӕны раз ӕмӕ Йын ӕхсӕвӕй-бонӕй лӕггад кӕнынц Йӕ Кувӕндоны, ӕмӕ сӕ паддзахы бадӕны Бадӕг бакӕндзӕни Йӕ дӕлбазыр.