34 Сӕ сахарты раз цы сӕрвӕттӕ ис, уыдонӕн та уӕйгӕнӕн нӕй, уымӕн ӕмӕ мыггагмӕ сӕ исбон сты.
Аароны байзӕддӕгтӕй, сауджынтӕй, сӕ сахарты алыварс сын цы зӕххы хӕйттӕ уыд, уымыты чи цард, уыдоны тыххӕй алы сахары дӕр номхыгъдӕй снысан кодтой бӕрнон лӕгты, цӕмӕй хӕйттӕ уарой сауджынты бинонты нӕлгоймӕгтӕн ӕмӕ, левитты хӕдзарвӕндӕгты номхыгъдты фыст чи уыди, уыдонӕн.
Левиттӕ дӕр сауджынты ӕмарӕн райсдзысты хай, йӕ дӕргъ — фондз ӕмӕ ссӕдз мин ӕлмӕрины, йӕ уӕрх та — дӕс мин ӕлмӕрины.
Уыцы хайӕ сын нӕдӕр ауӕйгӕнӕн уыдзӕни, нӕдӕр баивӕн. Уый уыцы зӕххӕн йӕ хуыздӕр хай у, ӕмӕ хъуамӕ къухӕй-къухмӕ ма цӕуа, уымӕн ӕмӕ уый у Дунедарӕджы уаз хай.
Зӕхх мыггагмӕ ауӕй кӕнӕн нӕй, уымӕн ӕмӕ уый Мӕн у, сымах та стут, Мӕ зӕххыл чи ӕрцард, ахӕм ӕрцӕуӕггӕгтӕ.
Левитты сахары цы хӕдзар ауӕй кӕной, уый балхӕнӕн ис, Ӕрдӕгсӕдӕйон азы йӕ суӕгъд кӕнын хъӕуы, уымӕн ӕмӕ, левитты сахарты цы хӕдзӕрттӕ ис, уыдон израилӕгты ’хсӕн сты сӕ исбон.