25 Де ’фсымӕр, израилаг, куы смӕгуыр уа ӕмӕ йӕ зӕххы хай куы ауӕй кӕна, уӕд-иу йӕ хӕстӕгдӕр къабӕзтӕй исчи ӕрбацӕуӕд ӕмӕ йын йӕ зӕхх фӕстӕмӕ балхӕнӕд.
Зӕхх куы ӕлхӕнат, уӕд хъуамӕ бар раттат фӕстӕмӕ йӕ балхӕнынӕн.
Чи йӕ балхӕна, ахӕм къабаз ын куынӕ разына, фӕлӕ фӕстӕдӕр йӕхӕдӕг куы схъӕздыг уа ӕмӕ йӕ балхӕнынхъом куы суа,
Израилӕгты ’хсӕн ӕрцӕуӕггагӕй чи ис, уый куы сбонджын уа, де ’фсымӕр, израилаг, та куы смӕгуыр уа, ӕмӕ йӕхи ӕрцӕуӕггагӕн кӕнӕ уый мыггагӕй искӕмӕн куы ауӕй кӕна,
Исчи Дунедарӕгӕн кӕмӕйдӕр ӕлхӕд зӕххы хай куы снывонд кӕна, йӕхи исбон чи нӕ уыдис, ахӕм,
Уымӕн ӕмӕ сымах зонут нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы хорзӕх. Йесо хъӕздыг уыди, фӕлӕ уӕ сӕраппонд Йӕхи сгӕвзыкк кодта, Йӕ гӕвзыккӕй сымах куыд схъӕздыг уат, афтӕ.
Уыдон зарыдысты ног зарӕг: «Ды дӕ чиныг райсыны ӕмӕ йын йӕ мыхуыртӕ сисыны аккаг! Уымӕн ӕмӕ Дӕу ӕрхастӕуыди нывондӕн, ӕмӕ Дӕ Тугӕй Ды Хуыцауӕн балхӕдтай адӕмты — алы мыггаг ӕмӕ алы ӕвзаг, алы адӕм ӕмӕ алы знӕмты ӕхсӕнӕй!
Наоми йӕ чындзӕн загъта: «Дунедарӕджы арфӕ йыл сӕмбӕлӕд! Дунедарӕджы хорзӕх ӕгӕстыл дӕр ӕмӕ мӕрдтыл дӕр ӕххӕссы». Ӕмӕ йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Ӕрвад нын ӕййафы — махыл фӕхӕцын йӕ хӕс кӕмӕн у, уыцы къабӕзтӕй».
Хӕстӕджытӕ кӕй стӕм, уый раст у, фӕлӕ дын мӕнӕй хӕстӕгдӕр ӕрвад дӕр ис.
Уӕртӕ кӕй ӕххуырстытимӕ куыстай, нӕ уыцы хӕстӕг Боаз ахсӕв мусы хъӕбӕрхор дымгӕмӕ дары.
Бафарста йӕ: «Кӕцы дӕ уый?» Сылгоймаг ын дзуапп радта: «Руф дӕн ӕз, дӕ цагъар; дӕ дӕлбазыр мӕ бакӕн — хӕстӕг нын куы ӕййафыс».
Уӕд Боаз йӕ хӕстӕгӕн загъта: «Моавы бӕстӕй чи ӕрбаздӕхт, уыцы Наоми не ’рвад Елимелехы зӕххы хай уӕй кӕны.