Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 25:21 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

21 Ӕз уын ӕхсӕзӕм аз раарфӕ кӕндзынӕн, ӕмӕ уӕ зӕхх ӕртӕ азы бӕркад ратдзӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 25:21
13 Iomraidhean Croise  

Исаак уыцы зӕххыл байтыдта хор, ӕмӕ уыцы аз йӕ тыллӕг тугыл аскъуыди, цы байтыдта, уымӕй райста фондзыссӕдз ахӕмы. Афтӕ йын раарфӕ кодта Дунедарӕг.


Бӕркадджын авд азы дӕргъы зӕхх лӕвӕрдта бирӕ тыллӕг.


Арфӕ дын ракӕндзӕни Сионӕй Дунедарӕг, арв ӕмӕ зӕхх Сфӕлдисӕг.


Хъусгӕ кӕнут: Дунедарӕг уын радта сабат, ӕмӕ уын уымӕ гӕсгӕ ӕхсӕзӕм бон дыууӕ боны фаг хӕринаг ӕрвиты. Ӕвдӕм бон-иу уӕ алчи йӕ хӕдзары бадӕд ӕмӕ макуыдӕм цӕуӕд».


Ӕхсӕзӕм бон та ӕруидзӕнт, цас сын бантыса, уый бӕрц, ӕмӕ фендзысты, иннӕ бонтимӕ абаргӕйӕ, дыууӕ хатты фылдӕр кӕй ӕруыгътой, уый».


Дунедарӕджы арфӕ адӕймаджы схъӕздыг кӕны, ӕмӕ йемӕ сагъӕс нӕ хӕссы.


Раарфӕ кӕндзынӕн уыдонӕн дӕр ӕмӕ Мӕ уаз бӕрзӕнды алфамбылӕйттӕн дӕр, афоныл сын дӕтдзынӕн къӕвдатӕ — уыдон уыдзысты фарны къӕвдатӕ.


ӕвдӕм аз та зӕххӕн уӕд сабаты ӕнцой, Дунедарӕджы сабат. Уӕ хуымтӕ-иу ма байтаут ӕмӕ-иу уӕ сӕнӕфсиртӕ ма бахсӕдут.


Сабаты аз зӕххыл цыдӕриддӕр ӕрзайа, уый уыдзӕни уӕ хойраг — уӕхицӕн, уӕ цагъар нӕлгоймӕгтӕн ӕмӕ уӕ цагъар сылгоймӕгтӕн, уе ’ххуырстытӕн, уе ’хсӕн цӕрӕг ӕрцӕуӕггӕгтӕн,


Тауӕгӕн мыггаг Чи дӕтты, хӕрынӕн та — хойраг, Уый уын ратдзӕн мыггаг, ӕрзайын кӕндзӕн ӕмӕ сбирӕ кӕндзӕн уӕ рӕстады тыллӕг.


Арфӕгонд уыдзынӕ сахары, арфӕгонд уыдзынӕ быдыры.


Арфӕгонд уыдзысты Дунедарӕгӕй уӕ хордӕтты бӕркад ӕмӕ уӕ алы къухвӕллой, арфӕгонд уыдзыстут алцӕмӕй дӕр, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн цы бӕстӕ дӕтты, уым.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan