Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 25:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 кӕй уын дӕттын, уыцы зӕхмӕ куы бацӕуат, уӕд-иу алы ӕвдӕм аз дӕр уыцы зӕххыл мацы кусут, уымӕн ӕмӕ уый Дунедарӕджы сабат у.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 25:2
14 Iomraidhean Croise  

Афтӕ сӕххӕст ис, Дунедарӕг Йеремиайы уылты цы загъта, уый. Зӕхх дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз азы дӕргъы уыди гӕныстон, афтид, цалынмӕ, Израил цы сабаты азтӕ нӕ бӕрӕг кодта, уыдон нӕ баххӕст сты, уӕдмӕ.


Ӕхсӕз азы дӕргъы таут уӕ хуымтӕ ӕмӕ сын ӕфснайут сӕ бӕркад,


Доны хъаймӕтау агуылф кӕндзӕн Иудейыл ӕмӕ йӕ доны бын фӕкӕндзӕн, адӕмӕн суанг сӕ къубалмӕ схӕццӕ уыдзӕн. Дӕ зӕххыл дын кӕрӕй-кӕронмӕ йӕ базыртӕ айтындздзӕн, Эммануил!»


Ӕз Мӕ хъомысы фӕрцы Мӕхи къухӕй сфӕлдыстон зӕхх, адӕм ӕмӕ цӕрӕгойты, ӕмӕ Ӕз ацы зӕхх, кӕмӕн Мӕ фӕнды, уымӕн ратдзынӕн.


«Сымах, кӕй уын дӕттын, уыцы Ханааны зӕхмӕ куы бацӕуат, ӕмӕ уыцы ран Ӕз искӕцы хӕдзарыл хъуына куы бафтауон,


Сабатау ӕнцойбон у уый сымахӕн, ӕмӕ-иу ком дарут. Уыцы мӕйы фарӕстӕм боны изӕрӕй дыккаг боны изӕрмӕ бӕрӕг кӕнут ӕнцойбон».


Дунедарӕг Синайы хохыл Моисейӕн загъта: «Фехъусын кӕн израилӕгтӕн:


Ӕхсӕз азы дӕргъы уӕ хуымтӕ таут ӕмӕ уӕ сӕнӕфсиртӕ ’хсӕдут — уӕ зӕххы бӕркад ӕфснайут,


«Аваримы хӕхтӕм фӕцу. Моавы, Йерихоны бакомкоммӕ, цы хох ис — Нево, уырдӕм ссу ӕмӕ Ханааныл, израилӕгтӕн кӕй хай кӕнын, уыцы бӕстыл дӕ цӕст ахӕсс.


Иууылбӕрзонд адӕмтӕн хӕйттӕ куы лӕвӕрдта ӕмӕ иу адӕмы иннӕмӕй куы хицӕн кодта, уӕд сын сӕ арӕнтӕ Хуыцауы фыртты нымӕцмӕ гӕсгӕ снысан кодта.


Загъта йын Дунедарӕг: «Уый дын, уӕ байзӕддӕгтӕн ӕй ратдзынӕн, зӕгъгӕ, Авраам, Исаак ӕмӕ Йаковӕн кӕй тыххӕй басомы кодтон, уыцы бӕстӕ. Дӕ цӕстӕй дын ӕй фенын кодтон, фӕлӕ йӕм дӕ къах нӕ бавӕрдзынӕ».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan