18 Ӕххӕст Мын кӕнут Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Ме ’гъдӕуттӕ, ӕмӕ уӕд ацы зӕххыл ӕдасӕй цӕрдзыстут.
Гъемӕ, зӕгъын, Кувӕндон саразон Дунедарӕгӕн, Мӕ Хуыцауӕн. Кӕддӕр Дунедарӕг уый кой ракодта мӕ фыд Давидӕн дӕр, зӕгъгӕ, Мӕ номыл Мын хӕдзар сараздзӕни дӕ фырт, дӕ фӕстӕ дын дӕ къӕлӕтджыны кӕй сбадын кӕнон, уый.
Хӕхты рӕгътӕ — сычъиты цӕрӕн, къӕдзӕхты скъуыдтӕ — даманы бынат.
Ды мӕ зӕрдӕйы ахӕм цин бауагътай, йӕ хор ӕмӕ йӕ сӕнӕн, ныккӕнӕн дӕр кӕмӕн нӕй, уыдоны цинӕй фылдӕр чи у!
Чи мӕм хъусы, уый та цӕрдзӕн сабыр ӕмӕ ӕдасӕй, фыдбылызӕй нӕ тӕрсдзӕн».
Йӕ заманы Иудей фервӕздзӕн, Израил цӕрдзӕн ӕдасӕй, схондзысты йӕ «Дунедарӕг — нӕ растгӕнӕг».
Уыдон уын дзырдтой: «Алчидӕр уӕ йӕ фыдвӕндӕгтӕ ӕмӕ йӕ фыдракӕндтӕ ныууадзӕд, ӕмӕ цӕрут, Дунедарӕг сымах ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕн мыггагмӕ кӕй радта, уыцы зӕххыл.
Уыцы заман Иудей фервӕздзӕн, Йерусалим ӕдасӕй цӕрдзӕн, схондзысты йӕ: „Дунедарӕг — нӕ рӕстад“.
Ӕмӕ, се ’лгъаг миты тыххӕй бӕстӕ ӕдзӕрӕг быдыр куы фестын кӕнон, уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый“.
Ӕххӕст Мын кӕнут Мӕ уагӕвӕрдтӕ: алыхуызон фосы мыггаг кӕрӕдзиимӕ ма хъазын кӕнут; дыууӕ хуызы мыггӕгтӕ ма таут уӕ хуымы; алыхуызон ӕндӕхтӕй конд дарӕс ма скӕнут уӕ уӕлӕ.
Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Мын Мӕ амындтытӕ иууылдӕр ӕххӕст кӕнут. Ӕз Дунедарӕг дӕн».
Зӕхх уын йӕ бӕркад дӕтдзӕн, ӕмӕ ӕфсӕст уыдзыстут.
Фӕлӕ Иорданы фаллаг фарсмӕ куы ахизат ӕмӕ уын Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, исбонӕн цы бӕстӕ дӕтты, уым куы ӕрбынат кӕнат, куы уӕ фервӕзын кӕна Уый уӕ алыварс знӕгтӕй ӕмӕ ӕдасӕй цӕрын куы райдайат,
Бениамины тыххӕй загъта: „Дунедарӕгӕн уарзон чи у, уый ӕдасӕй цӕрдзӕни Хуыцауы раз — Йӕ арм ыл Уый дары кӕддӕриддӕр, йӕ фӕсчъылдым лӕууы“.
Цӕрдзӕни ӕдасӕй Израил, хибарӕй цӕрдзӕнис Йаков, арвӕй ӕртӕх кӕм лӕдӕрсы, уыцы хор ӕмӕ сӕны бӕстӕйы.