Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 25:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Уыцы азтӕ цас фылдӕр уой, уыйас зӕххӕн йӕ аргъ фылдӕр уӕд, цас къаддӕр уой, уыйас та — къаддӕр, уымӕн ӕмӕ дын уӕй кӕны ӕрмӕстдӕр уал азы тыллӕг.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 25:16
4 Iomraidhean Croise  

Зӕхх дзы куы ӕлхӕнай, уӕд-иу банымай, Ӕрдӕгсӕдӕйон азы фӕстӕ цал азы рацыди, уый. Зӕхх дын чи уӕй кӕна, уый дӕр банымайӕд, Ӕрдӕгсӕдӕйон азы ’рцыдмӕ уыцы зӕххӕй тыллӕг цал азы исӕн уыдзӕн, уый.


уӕд-иу анымайӕд, йӕ зӕхх ауӕй кӕнынӕй цал азы рацыди, уый ӕмӕ ӕлхӕнӕгӕн, цы азтӕ ма баззади, уыдоны аргъ бафидӕд. Уӕд фӕстӕмӕ йӕ зӕххы хаймӕ раздӕхын йӕ бон суыдзӕн.


Кӕд ма Ӕрдӕгсӕдӕйон азмӕ бирӕ азтӕ баззади, уӕд хъуамӕ, цы аргъӕй йӕ балхӕдӕуыд, уымӕн йӕ фылдӕр хай бафида.


Ӕрдӕгсӕдӕйон азы бӕрӕгбоны фӕстӕ йӕ куы нывонд кӕна, уӕд та-иу сауджын нысангонд аргъ фӕкъаддӕр кӕнӕд, иннӕ Ӕрдӕгсӕдӕйон азмӕ ма цал азы баззад, уый хынцгӕйӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan