13 Ӕрдӕгсӕдӕйон азы-иу алчидӕр фӕстӕмӕ йӕ зӕххы хаймӕ раздӕхӕд.
Рарвыста мӕ, Дунедарӕгӕн Йӕ хорзӕхы аз кӕй ралӕууыд ӕмӕ Йӕ адӕмы маст фыдгултӕй кӕй райсдзӕн, уый фехъусын кӕнынмӕ. Рарвыста мӕ хъынцъымгӕнджыты зӕрдӕ фӕфидар кӕнынмӕ,
Чи ауӕй кодта, уымӕн йӕ исбон нал бафтдзӕни йӕ къухы, суанг удӕгасӕй куы баззайа, уӕд дӕр, уымӕн ӕмӕ се ’ппӕты тыххӕй дӕр цӕстылуайӕн сӕххӕст уыдзӕн. Тӕригъӕды чи ӕфты, уыдонӕй иунӕг дӕр йӕ цард нӕ бахъахъхъӕндзӕн.
ӕмӕ афтӕмӕй фӕндзайӕм аз банымайут уазыл. Уӕ зӕххыл-иу алкӕмӕн дӕр фехъусын кӕнут, сӕрибар сын лӕвӕрд кӕй цӕуы, уый. Уыцы аз уын уыдзӕни Ӕрдӕгсӕдӕйон аз, алчидӕр уӕ хъуамӕ раздӕха йӕ зӕххы хаймӕ, йӕхи мыггагмӕ.
Кӕд ӕмӕ уыцы аргъ бафидыны фаг не суа, уӕд та, кӕй ауӕй кодта, уыцы зӕхх Ӕрдӕгсӕдӕйон азмӕ баззайдзӕн, чи йӕ балхӕдта, уый къухы. Уыцы аз, чи йӕ балхӕдта, уый уыцы зӕххы хай суӕгъд кӕндзӕн, ӕмӕ, чи йӕ ауӕй кодта, фӕстӕмӕ уый исбонмӕ раздӕхдзӕн.
Фӕстӕмӕ ӕлхӕд куынӕ ӕрцӕуа, уӕд йӕ цотимӕ уӕгъдгонд ӕрцӕудзӕн Ӕрдӕгсӕдӕйон азы,
Израилӕгты ӕрдӕгсӕдӕйон аз куы ралӕууа, уӕд дӕр уыдоны хай, цы хӕдзарвӕндагмӕ смой кодтой, уымӕн баззайдзӕн, мах фыдӕлты хӕдзарвӕндаджы хай та фӕкъахыр уыдзӕн».