Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 25:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11-12 Уыцы аз-иу мацы байтаут, уӕ хуымты йӕхи ’гъдауӕй цы ӕрзайа, уыдон-иу ма ӕркӕрдут, кӕй нӕ бахсӕстой, уыцы сӕнӕфсиры цупӕлттӕ-иу ма ӕртонут, уымӕн ӕмӕ фӕндзайӕм аз у Ӕрдӕгсӕдӕйон аз, уазыл ӕй нымайут. Ӕрмӕстдӕр уӕ хуымты йӕхи ’гъдауӕй цы ’рзайа, уыдон-иу хӕрут.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 25:11
5 Iomraidhean Croise  

Дӕуӕн та, Езекиа, мӕнӕ нысан: ацы аз хӕрут, хӕдӕвзӕрдӕй цы хор ӕрзади, уый, иннӕ аз дӕр хӕрдзыстут, йӕхигъӕдӕй цы хор ӕрзайа, уый, ӕртыккаг аз та-иу байтаут ӕмӕ бафснайут уӕ хортӕ, скӕнут сӕндӕттӕ ӕмӕ хӕрут сӕнӕфсир.


ӕмӕ афтӕмӕй фӕндзайӕм аз банымайут уазыл. Уӕ зӕххыл-иу алкӕмӕн дӕр фехъусын кӕнут, сӕрибар сын лӕвӕрд кӕй цӕуы, уый. Уыцы аз уын уыдзӕни Ӕрдӕгсӕдӕйон аз, алчидӕр уӕ хъуамӕ раздӕха йӕ зӕххы хаймӕ, йӕхи мыггагмӕ.


Ӕрдӕгсӕдӕйон азы йӕ куы нывонд кӕна, уӕд дӕр-иу йӕ аргъ уӕд уый бӕрц.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan