Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 25:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 ӕмӕ афтӕмӕй фӕндзайӕм аз банымайут уазыл. Уӕ зӕххыл-иу алкӕмӕн дӕр фехъусын кӕнут, сӕрибар сын лӕвӕрд кӕй цӕуы, уый. Уыцы аз уын уыдзӕни Ӕрдӕгсӕдӕйон аз, алчидӕр уӕ хъуамӕ раздӕха йӕ зӕххы хаймӕ, йӕхи мыггагмӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 25:10
30 Iomraidhean Croise  

Гъемӕ уӕ Йӕ адӕмӕй чи у, уыдонӕн Дунедарӕг ахъӕзгӕнӕг фӕуӕд ӕмӕ фӕцӕуӕнт Йерусалиммӕ, Иудейы бӕстӕм, ӕмӕ бавналӕнт Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы, Йерусалимы Чи ис, Уыцы Хуыцауы Кувӕндон аразынмӕ.


Дунедарӕгӕн кады зарӕг сисут, хъисфӕндыртимӕ азарут нӕ Хуыцауӕн.


«Ӕз Дунедарӕг дӕн, дӕ Хуыцау, Мысыры зӕххӕй дӕ Чи ракодта, цагъары ӕфсондзы бынӕй, Уый.


Ахӕстытӕн зӕгъдзынӕ, ӕддӕмӕ рацӕут, зӕгъгӕ, тары чи бады, уыдонӕн зӕгъдзынӕ, рухсмӕ рацӕут, зӕгъгӕ. Сӕ фӕндагыл ницы хъуаг баййафдзысты, суанг уӕлвӕзты дӕр ницӕуыл батыхсдзысты.


Ӕрцыди Мӕ адӕмы ссӕрибар кӕныны ӕмӕ сын сӕ фыдгултӕй сӕ маст райсыны заман.


Уӕздӕттӕ, стӕй фидыд чи сарӕзта, уыцы адӕм се ’ппӕт дӕр сӕ цагъарты суӕгъд кӕныныл ӕмӕ сӕ уацары мауал дарыныл сразы сты.


Дунедарӕг Йеремиайӕн фехъусын кодта Йӕ ныхас. Уыцы заман паддзах Цедекиа Йерусалимы ӕппӕт цӕрджытимӕ сфидар кодта фидыд, цӕмӕй сӕ цагъарты ссӕрибар кӕной.


Йӕ исбонӕй йӕ цагъартӕй искӕмӕн куы ралӕвар кӕна, уӕд цагъары хай уыдзӕни ссӕрибары афӕдзы онг, стӕй фӕстӕмӕ суыдзӕн адӕмы фӕтӕджы исбон. Афтӕмӕй йӕ исбон ӕрмӕст йӕ фыртты хай суыдзӕн.


Уыцы аз-иу мацы байтаут, уӕ хуымты йӕхи ’гъдауӕй цы ӕрзайа, уыдон-иу ма ӕркӕрдут, кӕй нӕ бахсӕстой, уыцы сӕнӕфсиры цупӕлттӕ-иу ма ӕртонут, уымӕн ӕмӕ фӕндзайӕм аз у Ӕрдӕгсӕдӕйон аз, уазыл ӕй нымайут. Ӕрмӕстдӕр уӕ хуымты йӕхи ’гъдауӕй цы ’рзайа, уыдон-иу хӕрут.


Ӕрдӕгсӕдӕйон азы-иу алчидӕр фӕстӕмӕ йӕ зӕххы хаймӕ раздӕхӕд.


Уый фӕстӕ йӕ цотимӕ аздӕхӕд йӕ мыггагмӕ, йӕ фыдӕлты зӕххы хаймӕ.


Фӕстӕмӕ ӕлхӕд куынӕ ӕрцӕуа, уӕд йӕ цотимӕ уӕгъдгонд ӕрцӕудзӕн Ӕрдӕгсӕдӕйон азы,


не знӕгты къухӕй нӕ кӕй байсдзӕни, уый тыххӕй,


Бардарӕг у Уд, ӕмӕ, Бардарӕджы Уд кӕм ис, сӕрибар дӕр уым ис.


Агар амоны Синайы хох Аравийы — фӕсномыгӕй уый у абоны Йерусалим, уымӕн ӕмӕ йӕ хъӕбултимӕ цагъарады ис.


Сӕрибармӕ хуынд стут, ӕфсымӕртӕ; ӕрмӕст уӕ сӕрибар ма асайӕд уӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды мондӕгтӕ ӕфсадынмӕ, фӕлӕ, кӕрӕдзийы уарзгӕйӕ, уӕ иу иннӕмӕн лӕггад кӕнӕд.


Кӕд сӕрибар адӕм стут, уӕддӕр уӕхи хизут, цӕмӕй уӕ сӕрибар ӕвзӕр митӕн ӕмбӕрзӕны хуызӕн ма суа, уымӕн ӕмӕ сымах Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ стут.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan