9 Уыдон уыдзысты Аарон ӕмӕ йӕ байзӕддӕгты хай. Хӕрдзысты сӕ уаз бынаты, уымӕн ӕмӕ уый у иууылсыгъдӕг, Дунедарӕджы номыл хаст кувинӕгты ӕхсӕн уый сӕ хай у».
Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ сӕ цӕст дарӕнт, цӕмӕй цырагъдарӕны цырӕгътӕ изӕрӕй райсоммӕ судзой Дунедарӕджы раз — Фембӕлды Цатыры мидӕг, Фидыды Чырын цы мидӕмбӕрзӕны фӕстӕ ис, уый раз. Уый — мыггагмӕйы уагӕвӕрд израилӕгтӕн фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ.
Моисей загъта Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕн, Елеазар ӕмӕ Итамарӕн: «Райсут, Дунедарӕджы номыл хаст хуынтӕй цы ссад баззади, уый, скӕнут дзы донгонд дзултӕ ӕмӕ сӕ нывондхӕссӕны цур бахӕрут — уыдон сты иууылсыгъдӕг.
«Тӕригъӕды нывонды фыд уаз бынаты цӕуылнӕ бахордтат? Иууылсыгъдӕг у уый, ӕмӕ уын лӕвӕрд ӕрцыд, цӕмӕй Дунедарӕджы раз адӕмы тӕригъӕд ныббарыны ӕгъдау сӕххӕст кӕнат, ӕмӕ сын афтӕмӕй сӕ азым сисат.
Йӕ Хуыцауы номыл хаст хойрагӕй, иууылуаз ӕмӕ йын уаз хуынтӕй хӕрыны бар ис.
Израилӕгты рӕсӕнуаты уыдис иу лӕг, йӕ мад — израилаг, йӕ фыд — мысыраг. Йӕ мад Шеломит уыди Даны хӕдзарвӕндагӕй, Диврийы чызг. Уыцы лӕг фӕхыл ис ӕндӕр израилагимӕ ӕмӕ фаудта Дунедарӕджы ном.
Уый уын — мыггагмӕйы уагӕвӕрд, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ: кӕмдӕриддӕр цӕрат, кусарты фиутӕ ӕмӕ тугӕй уӕхи макуы фӕхъӕстӕ кӕнут».
Уый фӕстӕ йӕ дарӕс раивӕд ӕмӕ фӕнык рӕсӕнуатӕй сыгъдӕг ранмӕ ахӕссӕд.
Хуынӕй ма цы ссад баззайа, уый та бахӕрӕнт Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ. Хӕрын ӕй ӕмбӕлы донгонд дзулты хуызы, уаз бынаты — Фембӕлды Цатыры кӕрты.
«Мӕнӕ иууылсудзинаг нывонд хӕссыны ӕгъдау: иууылсудзинаг нывонд-иу ӕхсӕв-бонмӕ баззайӕд нывондхӕссӕныл, кӕм ӕй басыгътой, уым. Нывондхӕссӕныл иудадзыг судзӕд арт.
Фембӕлды Цатыры къӕсӕрмӕ ӕппӕт адӕмы ӕрӕмбырд кӕн».
Моисей Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕн загъта: «Фембӕлды Цатыры къӕсӕры раз дзидза сфыцут ӕмӕ дзы уым, сауджын суӕвыны нывонды хуынӕй чыргъӕды цы дзул ис, уыимӕ бахӕрут, куыд уын бафӕдзӕхстон, афтӕ. Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ сӕ бахӕрӕнт.
Сымах Мын цъыф калут Мӕ номыл, афтӕ уӕм кӕсы, цыма Дунедарӕджы фынг уаз нӕу. Йӕ уӕлӕ йын цы хойраг сӕвӕрынц, уый кады аккаг нӕ кӕнут.
Бацыди Хуыцауы хӕдзармӕ ӕмӕ хордта, йӕхицӕн дӕр ӕмӕ йе ’мбӕлттӕн дӕр хӕрӕн кӕй нӕ уыди, уыцы нывонды дзултӕй — уыдонӕй ӕрмӕст сауджынтӕн хӕрын ӕмбӕлыд.
Авиафар алчер куы уыди, уыцы рӕстӕг бацыди Хуыцауы хӕдзармӕ ӕмӕ бахордта, ӕрмӕстдӕр сауджынтӕн хӕрын кӕмӕй ӕмбӕлди, уыцы нывонды дзултӕй, ӕмӕ ма дзы йе ’мбӕлттӕн дӕр радта».
Бацыди Хуыцауы хӕдзармӕ ӕмӕ райста, ӕрмӕст сауджынтӕн кӕмӕй ӕмбӕлд хӕрын, уыцы кувӕггаг дзултӕй, ӕмӕ дзы йӕхӕдӕг дӕр бахордта, стӕй ма дзы йе ’мбӕлттӕн дӕр радта».
Ӕмӕ йын сауджын радта кувӕггаг дзултӕ. Хуымӕтӕг дзул ӕм нӕ уыди, фӕлӕ, Дунедарӕджы раз кувӕндоны кӕй ӕрӕвӕрынц, ӕрмӕстдӕр ахӕм дзултӕ. Уыдон ист ӕрцӕуынц кувӕндоны фынгӕй ӕмӕ тӕккӕ уыцы бон сӕ бӕсты ӕрӕвӕрдӕуы ногконд дзултӕ.