Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 24:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Райс ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссад ӕмӕ дзы сфыц дыууадӕс тӕнӕг дзулы, алы дзулыл дӕр ссад ефӕйы дыууӕ дӕсӕймаг хайы куыд ацӕуа, афтӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 24:5
18 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕг, Израил уыдзӕни дӕ ном, зӕгъгӕ, кӕмӕн загъта, уыцы Йаковы фырттӕн сӕ хӕдзарвӕндӕгты нымӕцмӕ гӕсгӕ Илийа дыууадӕс дуры райста


Сӕ бӕрны уыдысты, Дунедарӕджы раз-иу Кувӕндоны кӕй ӕрӕвӕрдтой, уыцы дзултӕ, хуынӕн чи хъуыди, уыцы ӕвзаргӕ ссад, донгонд лауаситӕ, лауызтӕ, стӕй, ссадӕй ма-иу ноджыдӕр цы фыцинӕгтӕ сызмӕстой, уыдӕттӕ, ноджы ма — алы уӕзбарст ӕмӕ алы дӕргъбарст дӕр.


Се ’рвадӕлтӕй, Кехаты байзӕддӕгтӕй, кӕйдӕрты бӕрны уыди, алы сабат дӕр-иу Дунедарӕджы раз Кувӕндоны кӕй ӕрӕвӕрдӕуыд, уыцы дзултӕ фыцын.


Ӕрвылрайсом ӕмӕ ӕрвылизӕр Ын хӕссынц иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ судзынц хӕрздӕфгӕнӕнтӕ; сыгъдӕг фынгыл рӕнхъытӕй равӕрынц кувӕггаг дзултӕ. Ӕрвылизӕр сыгъзӕрин цырагъдарӕнӕн йӕ цырӕгътӕ ссудзынц. Мах ӕххӕст кӕнӕм Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, уагӕвӕрдтӕ, сымах та Йыл уӕхи атигъ кодтат.


ӕрвылбоны хойраджы хуынтӕн ӕмӕ ӕрвылбоны иууылсудзинӕгтӕн; сабӕттӕн; мӕйногтӕн; бӕрӕгбӕттӕн; Кувӕндоны уаз дзауматӕн; Израилы йӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг кӕныны тыххӕй нывондӕгтӕн ӕмӕ, нӕ Хуыцауы хӕдзары лӕггад кӕнынӕн цыдӕриддӕр хъӕуы, уыдӕттӕн.


Сауджынтӕ, левиттӕ ӕмӕ дзыллӕ хӕлттӕ сӕппӕрстой, нысангонд рӕстӕгмӕ нӕ хӕдзарвӕндӕгтӕй суг кӕцы хъуамӕ ӕрбаласа нӕ Хуыцауы хӕдзармӕ, уый тыххӕй, цӕмӕй, Ӕгъдауы куыд фыст ис, афтӕ, арт судза Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, нывондхӕссӕныл.


Фынгыл хъуамӕ ӕвӕрай дзултӕ — ӕдзух Мӕ разы чи хъуамӕ уа, уыдон.


фынг йе ’ппӕт дзауматӕ ӕмӕ, Мӕ разы ӕвӕрд цы дзултӕ хъуамӕ уой, уыдонимӕ,


ӕмӕ фынгыл, Дунедарӕджы раз, равӕрдта дзултӕ, Дунедарӕг ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.


Бахӕсс фынг ӕмӕ йыл йӕ дзауматӕ иууылдӕр ӕрӕвӕр. Ӕрбахӕсс цырагъдарӕн ӕмӕ йыл йӕ цырӕгътӕ ӕрӕвӕр.


Дунедарӕджы раз цы фынг ис, ууыл хъуамӕ ӕрытауой ӕрвхуыз ӕмбӕрзӕн ӕмӕ йыл равӕрой тӕбӕгътӕ, куыситӕ ӕмӕ кӕхцытӕ, стӕй хъалацтӕ сӕнӕн; иудадзыг ыл цы дзултӕ ӕвӕрынц, уыдон ӕдзухдӕр хъуамӕ уой йӕ уӕлӕ.


Бацыди Хуыцауы хӕдзармӕ ӕмӕ хордта, йӕхицӕн дӕр ӕмӕ йе ’мбӕлттӕн дӕр хӕрӕн кӕй нӕ уыди, уыцы нывонды дзултӕй — уыдонӕй ӕрмӕст сауджынтӕн хӕрын ӕмбӕлыд.


Уыцы зӕрдӕбавӕрды сӕххӕстӕй ныфс ис нӕ дыууадӕс мыггаджы дӕр, ӕмӕ ӕхсӕвӕй-бонӕй удуӕлдайӕ лӕггад кӕнынц Хуыцауӕн. Уыцы ныфсы тыххӕй, паддзах, мӕн иудейӕгтӕ аххосджын кӕнынц.


Арӕзт ӕрцыди Уаз Цӕрӕн, уымӕн йӕ фыццаг агъуыст хуынди Уаз бынат. Уым уыдысты цырагъдарӕн, фынг ӕмӕ кувинаг дзултӕ.


Йаковӕй, Хуыцауы ӕмӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы цагъарӕй, — ӕцӕгӕлон адӕмты ’хсӕн цы дыууадӕс мыггаджы ныххӕлиу, уыдонмӕ. Фӕрнджын ут.


Ӕмӕ йын сауджын радта кувӕггаг дзултӕ. Хуымӕтӕг дзул ӕм нӕ уыди, фӕлӕ, Дунедарӕджы раз кувӕндоны кӕй ӕрӕвӕрынц, ӕрмӕстдӕр ахӕм дзултӕ. Уыдон ист ӕрцӕуынц кувӕндоны фынгӕй ӕмӕ тӕккӕ уыцы бон сӕ бӕсты ӕрӕвӕрдӕуы ногконд дзултӕ.


Уыцы бон уым, Дунедарӕджы хӕдзары, уыди Саулы дӕлдӕртӕй иу, йӕ фыййӕутты хицау, едомаг, йӕ ном — Доег.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan