Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 24:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Аарон-иу йӕ хъус дарӕд, цӕмӕй Дунедарӕджы раз, Фембӕлды Цатыры, Фидыды Чырыны мидӕмбӕрзӕны ӕдде, изӕрӕй райсоммӕ цырӕгътӕ ма ахуыссой, уымӕ. Уый уын уыдзӕни мыггагмӕйы уагӕвӕрд, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 24:3
6 Iomraidhean Croise  

Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ сӕ цӕст дарӕнт, цӕмӕй цырагъдарӕны цырӕгътӕ изӕрӕй райсоммӕ судзой Дунедарӕджы раз — Фембӕлды Цатыры мидӕг, Фидыды Чырын цы мидӕмбӕрзӕны фӕстӕ ис, уый раз. Уый — мыггагмӕйы уагӕвӕрд израилӕгтӕн фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ.


«Израилӕгтӕн бафӕдзӕхс, цӕмӕй дын оливӕйы сой ӕрбахӕссой цырагъӕн — сыгъдӕг, къухӕй лӕмӕрст чи у, ахӕм, цӕмӕй цырагъ кӕддӕриддӕр судза.


Дунедарӕджы раз сыгъдӕг сыгъзӕринӕй конд цырагъдарӕныл цы цырӕгътӕ ис, уыдонмӕ-иу ӕдзухдӕр йӕ хъус дарӕд.


Уый уын — мыггагмӕйы уагӕвӕрд, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ: кӕмдӕриддӕр цӕрат, кусарты фиутӕ ӕмӕ тугӕй уӕхи макуы фӕхъӕстӕ кӕнут».


Уаз Цӕрӕн ӕмӕ нывондхӕссӕны куыст уӕхимӕ хауы, науӕд та Дунедарӕджы азар ногӕй баййафдзӕн израилӕгты.


Самуел дӕр хуыссыди Дунедарӕджы кувӕндоны, Хуыцауы Фидыды Чырын кӕм уыди, уым. Кувӕндоны цырагъ ма судзгӕ кодта.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan