21 Фос чи амара, уый йӕ бафидӕд, адӕймаджы чи амара, уый та мард ӕрцӕуӕд.
Ӕмӕ уӕхи туг, — уӕ цард кӕй мидӕг ис, — уый дӕр хъуамӕ макуы ныккӕла. Иунӕг адӕймаджы туг дӕр Мын ӕнӕистӕй нӕ баззайдзӕни — сырдӕй уа, адӕймагӕй уа.
Исчи цъайы сӕр куы байгом кӕна кӕнӕ цъай куы скъаха ӕмӕ йӕ гомӕй куы ныууадза, ӕмӕ уырдӕм гал кӕнӕ хӕрӕг куы ныххауа,
уыцы адӕймаг, тӕригъӕды кӕй бацыд ӕмӕ азымджын кӕй сси, уымӕ гӕсгӕ уал раздӕр фӕстӕмӕ раттӕд, цы адавта кӕнӕ цы байста, бавӕрынмӕ цы райста кӕнӕ цы сӕфт дзаума ссардта, уый,