Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 24:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 «Израилӕгтӕн бафӕдзӕхс, цӕмӕй дын оливӕйы сой ӕрбахӕссой цырагъӕн — сыгъдӕг, къухӕй лӕмӕрст чи у, ахӕм, цӕмӕй цырагъ кӕддӕриддӕр судза.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 24:2
27 Iomraidhean Croise  

Ӕрвылрайсом ӕмӕ ӕрвылизӕр Ын хӕссынц иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ судзынц хӕрздӕфгӕнӕнтӕ; сыгъдӕг фынгыл рӕнхъытӕй равӕрынц кувӕггаг дзултӕ. Ӕрвылизӕр сыгъзӕрин цырагъдарӕнӕн йӕ цырӕгътӕ ссудзынц. Мах ӕххӕст кӕнӕм Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, уагӕвӕрдтӕ, сымах та Йыл уӕхи атигъ кодтат.


сыгъдӕг сыгъзӕринӕй конд цырагъдарӕн ӕд цырӕгътӕ, ӕппӕт дзауматӕ ӕмӕ сой,


Фембӕлды Цатыры, хуссарӕрдыгӕй, фынджы бакомкоммӕ, ӕрӕвӕрдта цырагъдарӕн


Уымӕн ӕмӕ фӕдзӕхст у цырагъ, ахуырад — рухс, зондамынд — царды фӕндаг.


Ууыл ӕртыхсдзӕни Дунедарӕджы Уд — уӕлзонд ӕмӕ ӕмбарынады Уд, уынаффӕ ӕмӕ хъомысы Уд, зонынады ӕмӕ Дунедарӕгӕн аргъуыц кӕныны Уд.


Уе ’ргом раздахут Хуыцауы амындтытӕ ӕмӕ уынаффӕтӕм. Афтӕ уын чи нӕ дзура, уыдонӕн сӕ ныхӕсты рухс нӕй.


Дунедарӕг Моисейӕн загъта:


Аарон-иу йӕ хъус дарӕд, цӕмӕй Дунедарӕджы раз, Фембӕлды Цатыры, Фидыды Чырыны мидӕмбӕрзӕны ӕдде, изӕрӕй райсоммӕ цырӕгътӕ ма ахуыссой, уымӕ. Уый уын уыдзӕни мыггагмӕйы уагӕвӕрд, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ.


Талынджы цы адӕм цардысты, уыдон ӕгӕрон рухс федтой, мӕлӕтон тар бӕстӕйы чи царди, уыдоны сӕрмӕ рухс сӕрттывта».


Афтӕ уӕ рухс дӕр кӕлӕд адӕммӕ, цӕмӕй уын уыной уӕ хорз хъуыддӕгтӕ ӕмӕ кад кӕной уӕ Уӕларвон Фыдӕн.


ныррухс кӕндзӕни, мӕлӕты тасимӕ тары йӕ бонтӕ чи ӕрвиты, уыдоны ӕмӕ нӕ сараздзӕн Хуыцауимӕ фидыды фӕндагыл».


Кӕддӕриддӕр ут цӕттӕ — уӕ рӕттӕ ӕрбалвасут ӕмӕ уӕ рухсгӕнӕнтӕ ссудзут.


Уый уыди царддӕттӕг, ӕмӕ уыцы цард адӕмӕн уыди сӕ рухс.


Уыцы Рухс уыди ӕцӕг, дунемӕ ӕрцӕуджытӕй алкӕй дӕр Чи срухс кӕны, ахӕм.


Иоанн уыди цырагъ — сыгъди ӕмӕ рухс кодта, сымах та уыцы цыбыр рӕстӕг фӕндыди йӕ рухсмӕ цин кӕнын.


Йесо дарддӕр адӕмӕн дзырдта: «Ӕз дунейӕн рухс дӕн. Мӕ фӕдыл чи рацӕуа, уый талынджы нӕ цӕудзӕни, фӕлӕ схайджын уыдзӕн царды рухсӕй».


цӕмӕй байгом уой сӕ цӕстытӕ ӕмӕ талынгӕй рацӕуой рухсмӕ, сайтаны къухтӕй — Хуыцаумӕ, Мӕныл ӕууӕндыны фӕрцы барст ӕрцӕуой сӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ сыгъдӕджытимӕ сӕ хай райсой“.


Уымӕн ӕмӕ афтӕ Чи загъта: «Талынгӕй сӕрттивӕд рухс», уыцы Хуыцау нӕ зӕрдӕты ссыгъта рухс, ӕмӕ мах базыдтам Хуыцауы намыс — уый ӕнхъӕвзы Йесо Чырыстийӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan