19 Йӕ адӕмӕй искӕй чи фӕсахъат кӕна, уымӕн йӕхицӕн дӕр афтӕ бакӕнын хъӕуы:
Сылгоймаг амард, зӕгъгӕ, уӕд та йӕ амарӕг дӕр хъуамӕ мард ӕрцӕуа.
Цӕстӕн — цӕст. Дӕндагӕн — дӕндаг. Къухӕн — къух. Къахӕн — къах.
Сыгъдӕн — сыгъд. Хъӕдгомӕн — хъӕдгом.
Искӕй фосӕй чи амара, уый йӕ бафидӕд, сӕр сӕры ныхмӕ.
стӕгсасты ныхмӕ — стӕгсаст, цӕст — цӕсты ныхмӕ, дӕндаг — дӕндаджы ныхмӕ. Искӕй куыд фӕсахъат кодта, афтӕ йын йӕхи дӕр хъӕуы фӕсахъат кӕнын.
Сымах фехъуыстат, цы загъд уыди, уый: «Цӕстӕн — цӕст ӕмӕ дӕндагӕн — дӕндаг».
уымӕн ӕмӕ, иннӕтӕн куыд тӕрхон кӕнат, афтӕ уын Хуыцау уӕхицӕн дӕр стӕрхон кӕндзӕн; уӕхӕдӕг цы барӕнӕй барат, уыцы барӕнӕй сбардзысты сымахӕн дӕр.
Ма батӕригъӕд кӕн: уды ныхмӕ — уд, цӕстӕн — цӕст, къухӕн — къух, къахы ныхмӕ — къах!
Уӕд Адони-Безек загъта: «Дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз паддзахы, сӕ къухтӕ ӕмӕ сӕ къӕхты стыр ӕнгуылдзтӕ уыдысты лыг, афтӕмӕй мӕ фынджы бын уӕлдӕйттӕ уыгътой; мӕхӕдӕг иннӕтӕн цытӕ кодтон, уыдӕттӕ мын Хуыцау мӕхицӕн дӕр бавзарын кодта». Израилӕгтӕ Адони-Безекы Йерусалиммӕ акодтой, ӕмӕ уым амарди.